НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Нӕ хӕстӕджытӕн куыд хъусын кӕнӕм?
Андрей куы базыдта, Йесо Мессийӕ кӕй у, уӕд уыцы цины хабар йе ’фсымӕр Симонӕн радзырдта (Ин 1:40–42). Нӕ хӕстӕджытӕй дӕр чидӕртӕ Симонау рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты. Иннӕтӕ та, чи зоны, рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд ма айсой ӕмӕ йӕ ныхмӕ дзурой. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕ Хуыцауы хорзӕхы аккаг не сты? Нӕ.
АЦЫ ФАРСТАТЫ ФӔРЦЫ РАВЗАРУТ СТАТЬЯ «НӔ ХӔСТӔДЖЫТӔН КУЫД ХЪУСЫН КӔНӔМ?» (km 12/04 8):
Нӕ хӕстӕджытӕн куы хъусын кӕнӕм, уӕд ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? (1Пт 3:15).
Нӕ хӕстӕджытыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы мӕт кӕнӕм, уӕд сӕ уый фӕрцы куыд бацымыдис кӕндзыстӕм? (1Кр 3:6). Радзурут цымыдисаг хабар.
Куыд цӕрӕм, уый нӕ хӕстӕджытӕн уӕлдай кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ сын нӕ бон куыд у хъусын кӕнын?
Нӕ хӕстӕджытӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм? (1Пт 3:1, 2). Радзурут, лӕг кӕнӕ ус йӕ цардӕмбалӕн „ӕнӕ ныхӕстӕй“ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн куыд баххуыс кодтат, уый тыххӕй цымыдисаг хабар.
Нӕ хӕстӕджытӕ нӕм куы нӕ хъусой, уӕд цы хъуамӕ кӕнӕм? (1Пт 2:12).