ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 40, 41
Йегъовӕ Иосифы фервӕзын кодта
Иосиф цагъар уӕвгӕйӕ ахӕстоны фӕци 13 азы, цалынмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фервӕзын кодта, уӕдмӕ. Иосиф йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта, фӕлӕ йыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр (Пс 105:17–19). Уый зыдта, Йегъовӕ йемӕ кӕй уыд. Иосиф йӕ уавӕрты, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта.
Иосиф уӕззау фыдӕбон кодта ӕмӕ уыд ӕууӕнкджын, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр арфӕ кодта (Рд 39:21, 22).
Зындзинӕдтӕ йын чи бавзарын кодта, уыдонӕй йӕ маст райсынвӕнд нӕ кодта, фӕлӕ иннӕтӕн хорздзинад аразыныл архайдта (Рд 40:5–7).
Иосифы хабар мын куыд ӕххуыс кӕны зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн?
Мӕ уавӕрты мӕ бон цы у аразын, цалынмӕ мӕ Йегъовӕ Армагеддоны нӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ?