31 августӕй 6 сентябрмӕ
РАЦЫД 21, 22
141 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (1 мин.)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс» (10 мин.)
Рц 21:20. Адӕймаджы амарын Йегъовӕ нымайы тӕригъӕдыл (it-U «Бить, побои», 2 абз.)
Рц 21:22, 23. Йегъовӕйӕн зынаргъ у, чи нӕма райгуырд, суанг уыцы сывӕллоны цард дӕр (lv 91 ф., 16 абз.)
Рц 21:28, 29. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ иннӕты ӕдасдзинадыл хъуыды кӕнӕм (w10 15/4 29 ф., 4 абз.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)
Рц 21:5, 6. Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы? (w10 15/1 4 ф., 4, 5 абз.)
Рц 21:14. Ацы стихтӕ куыд ӕмбаргӕ сты? (it-U «Рог», дӕлсӕргонд «Рога жертвенников», 4 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Рц 21:1–21 (th 5 урок)
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймаджы ӕмбырдмӕ фӕхон (th 2 урок).
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймагӕн йе ’ргом раздах видеороликмӕ «Паддзахады залы цы вӕййы?» ӕмӕ йыл аныхас кӕнут (видеоролик ӕвдисын нӕ хъӕуы) (th 20 урок).
Раныхас (5 мин. кӕнӕ къаддӕр): cl 113, 114 фф., 14, 15 абз. Темӕ «Йегъовӕ – сидзӕрты фыд» (th 19 урок).
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс (10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис ацы видеоролик. Стӕй хъусджыты бафӕрс: сылгоймаг йӕхи бар куы нӕ вӕййы, уӕд хатт тӕссаг цӕмӕй вӕййы? Рацыды 21:22, 23 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ абортмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм? Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕндзыстӕм, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуынц? Райгасдзинады ныфс нын удӕнцой куыд хӕссы?
Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уый нын цы пайда хӕссы? (5 мин.). Раныхас. Арӕзт у 2010 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл, 4 ф., 4–7 абз. Библи чи ахуыр кӕны, уыдоны баразӕнгард кӕн, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой.
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): jy 130 сӕр
Кӕронбӕттӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
15 зарӕг ӕмӕ куывд