НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уымӕн аргъ кӕн
Мах стӕм стыр кадӕй хайджын – Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ у не ’ввахс хӕлар. Ӕмӕ йын нӕхи кӕй снывонд кодтам, уый фӕрцы йӕм нӕ бон у ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын. Уый нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта йӕ Фырты фӕрцы (Ин 6:44). Ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ дӕр хъусы (Пс 34:15).
Нӕ бон куыд у, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый хъахъхъӕнын? Хъуамӕ нӕхи хизӕм, израилӕгтӕ цы ’взӕр хъуыддӕгтыл бафтыдысты, уыдонӕй. Йегъовӕ семӕ бадзырд куы сарӕзта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ скодтой сызгъӕрин род ӕмӕ йын кувын райдыдтой (Рц 32:7, 8; 1Кр 10:7, 11, 14). Хъуамӕ нӕхимӕ раттӕм ахӕм фарстатӕ: «Фӕрӕдийынӕй мын тӕссаг куы вӕййы, уӕд куыд бакӕнын? Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнын?» Нӕ уӕларвон Фыды ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм (Пс 97:10).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔИМӔ ДЫН ЦЫ ХӔЛАРДЗИНАД ИС, УЫЙ ХЪАХЪХЪӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Зыдгӕнаг цавӕр адӕймаджы ис схонӕн?
Зыд кӕнынӕй ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?
Хӕтындзинадӕн ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕн иумӕйагӕй цы ис?
Ӕфсымӕртӕй кадджын хӕстӕ кӕмӕн ис, уыдоны уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ бинойнӕгтимӕ сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитой?