Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb24 январь 6–7 фф.
  • 22–28 январы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 22–28 январы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
mwb24 январь 6–7 фф.

22–28 ЯНВАРЫ

ИОВ 38, 39

11 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Сфӕлдыстадыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕныс?

(10 мин.)

Йегъовӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй йӕ къухты фыдӕбоныл йӕ цӕст ахастаид (Рд 1:10, 12; Иов 38:5, 6; w21.08 10 ф., 7 абз.).

Зӕдтӕ хъуыды кодтой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл (Иов 38:7; w20.08 14 ф., 2 абз.).

Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын куы аргъ кӕнӕм, уӕд ыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардзыстӕм (Иов 38:32–35; w23.03 17 ф., 8 абз.).

Мад ӕмӕ йӕ гыццыл чызг сӕ хӕдзары раз гӕлӕбуйыл цин кӕнынц.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Иов 38:8–10. Ацы стихтӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕ цавӕр закъонӕвӕрӕг у, уый тыххӕй? (it-1-U 810 ф., 1, 2 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Иов 39:1–22 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаджы ныхас кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уый бамбӕрстай ӕмӕ уӕ ныхас фӕдӕ, хӕларзӕрдӕйӕ дзурыс, афтӕмӕй (lmd 2 урок, 3 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(5 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Уый размӕ адӕймагимӕ куы ныхас кодтай, уӕд дын загъта, зиан ыл кӕй ӕрцыд (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.): lmd уӕлӕмхасӕн А, 1 пункт. Темӕ «Цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн сты, уымӕй бӕрӕг у, тагъд алцыдӕр кӕй фӕивдзӕн» (th 16 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

111 зарӕг

7. Сфӕлдыстадыл хъуыды кӕн, цӕмӕй дӕ рох ма уа, ахсджиагдӕр цы у, уый

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Иов хъуыды кӕны, Йегъовӕ цы диссаджы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдоныл: бегемотыл, къадзыл, страусыл, крокодилыл, цӕргӕсыл, бӕхыл ӕмӕ хъӕддаг галыл. Тыхдымгӕ сыстад. Елиуй ӕмӕ Иовы ӕртӕ ӕмбалы бадынц.

Хӕйрӕг Иовыл бӕллӕхтӕ кӕй ӕруагъта ӕмӕ йын йе ’ртӕ ӕмбалы алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй фӕкодтой, уый тыххӕй Иов йӕ зындзинӕдтыл сси ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста.

Бакӕс Иов 37:14. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Иовы цы хъуыд аразын, цӕмӕй та йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаид?

Зындзинӕдты рӕстӕг сфӕлдыстадыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, Йегъовӕ диссаджы Хуыцау кӕй у ӕмӕ нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм, стӕй нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, йӕ бон ныл батыхсын кӕй у (Мф 6:26).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Иовы чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Цӕрӕгойтӕ». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Ацы видеоролик дын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарай?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 4 сӕр, 13–20 абз.

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 54 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын