Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb24 январь 12–13 фф.
  • 19–25 февралы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 19–25 февралы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
mwb24 январь 12–13 фф.

19–25 ФЕВРАЛЫ

ПСАЛОМТӔ 8–10

2 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕ кадджын кӕндзынӕн, о Йегъовӕ»

(10 мин.)

Йегъовӕ нын бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзта (Пс 8:3–6; w21.08 3 ф., 6 абз.).

Иннӕтӕн Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕй афтӕмӕй фӕкадджын кӕнӕм, ӕмӕ уый ӕхсызгонӕй фӕаразӕм (Пс 9:1; w20.05 23 ф., 10 абз.).

Йегъовӕйы ма фӕкадджын кӕнӕм, зӕрдиагӕй йын куы фӕзарӕм, уӕд дӕр (Пс 9:2; w22.04 7 ф., 13 абз.).

Нывтӕ. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы кадджын кӕнын: 1. Ацӕргӕ хо хъусын кӕны, чи йӕм кӕсы, уыцы сылгоймагӕн. 2. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбырды зарынц. 3. Гыццыл лӕппу ӕмбырды йӕ къухыл схӕцыд. 4. Ӕрыгон ӕфсымӕр ӕххуыс кӕны Паддзахады зал ӕфснайынӕн. 5. Ӕрыгон хо йӕ къласагӕн хъусын кӕны.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕ бон ма ноджыдӕр куыд у Йегъовӕйы кадджын кӕнын?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 8:3 фип. Ацы стихы Хуыцауы ӕнгуылдзтӕ цӕмӕ амонынц? (it-2-U 279 ф., 4 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 10:1–18 (th 11 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Хӕдзары хицау дын зӕгъы, Хуыцау ӕй кӕй нӕ уырны (lmd 5 урок, 4 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Уый размӕ дын адӕймаг загъта, Хуыцау ӕй кӕй нӕ уырны, фӕлӕ Хуыцау кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл аныхас кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у (th 7 урок).

6. Раныхас

(5 мин.). w21.06 6, 7 фф., 15–18 абз. Темӕ «Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕна» (th 10 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

10 зарӕг

7. Хъусын кӕнынӕн дын фадат куы фӕзыны, уӕд-иу хуымӕтӕг ныхас кӕн

(10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн нын бирӕ фадӕттӕ ис. Зӕгъӕм, нӕ бон вӕййы хъусын кӕнын, алы боны хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ кӕуыл амбӕлӕм, уыдонӕн (Пс 35:28). Чи зоны, нырма нӕ ныфс нӕ хӕссӕм, цӕмӕй-иу искӕимӕ ныхас кӕнын райдайӕм, фадат нын куы фӕзыны, уӕд. Фӕлӕ нын уый хуыздӕр уайдзӕн, нӕ ныхас-иу хуымӕтӕгӕй куы райдайӕм ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд. Ӕмӕ ма уый нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын дӕр райдайдзӕн.

Къам видеороликӕй «Цӕттӕ ут „фарны хорз хабар“ хъусын кӕнынмӕ. Фадӕттӕй пайда кӕнут». Хо рестораны хъусын кӕны, хӕстӕг ӕм чи бады, уыцы сылгоймагӕн.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Цӕттӕ ут „фарны хорз хабар“ хъусын кӕнынмӕ. Фадӕттӕй пайда кӕнут». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Ацы видеоролик дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнай, фадат дын куы фӕзыны, уӕд?

Ацы хъуыдытӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хъусын кӕнын райдайай, фадат дын куы фӕзыны, уӕд:

  • Хӕдзарӕй куы рацӕуыс, уӕд-иу алы хатт дӕр искӕимӕ аныхас кӕнынӕн фадӕттӕ агур. Уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув, кур дзы, цӕмӕй дын сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ссарынӕн баххуыс кӕна

  • Хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ бӕрӕг уӕд, кӕуыл амбӕлыс, уыцы адӕмыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсыс. Бацархай, цӕмӕй адӕймаджы тыххӕй исты базонай, ӕмӕ бамбарай, йӕ зӕрдӕ йын Библийӕ тынгдӕр цы бацагайдзӕн

  • Кӕд адӕймаг разы уа, уӕд-иу ын йӕ телефоны номыр райс ӕмӕ-иу ын дӕхион дӕр ратт

  • Адӕймагӕн Библийы тыххӕй куы ницы зӕгъай, ӕмӕ уӕ ныхас афтӕмӕй куы фӕуа, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд

  • Уӕ ныхас куы фӕуа, уый фӕстӕ дӕр-иу адӕймагыл хъуыды кӕн. Уый бӕрӕг уыдзӕн, зӕгъӕм, куы йӕм арвитай ссылкӕ Библийы стихмӕ кӕнӕ статьямӕ сайтӕй jw.org

Бафӕлвар: исчи дӕ куы афӕрса, зӕгъгӕ дӕм цы хабӕрттӕ ис, уӕд-иу ын радзур, ӕмбырды цытӕ базыдтай, уыдӕттӕй исты кӕнӕ, куыд хъусын кодтай, уый тыххӕй.

8. Ӕркӕсинаг фарстатӕ

(5 мин.)

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 6 сӕр, 1–8 абз.; разныхас 2 хаймӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 65 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын