Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 январь 2–3 фф.
  • 6–12 январы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 6–12 январы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 январь 2–3 фф.

6–12 ЯНВАРЫ

ПСАЛОМТӔ 127–134

134 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Ныййарджытӕ, дарддӕр дӕр уӕ сывӕллӕттыл тыхсут!

(10 мин.)

Ныййарджытӕн сӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ бинонтыл тыхсой (Пс 127:1, 2).

Сывӕллӕттӕ сты Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар (Пс 127:3; w21.08 5 ф., 9 абз.).

Ахъуыды кӕнут, уӕ сывӕллӕттӕй алкӕцыйы дӕр куыд ахуыр кӕнат, ууыл (Пс 127:4; w19.12 26 ф., 20 абз.).

Фыд йӕ дыууӕ гыццыл сывӕллонимӕ Библи ахуыр кӕны брошюрӕйы фӕрцы «Ӕз ахуыр кӕнын Библи». Сывӕллӕттӕн сӕ цӕстытыл уайы, дзӕнӕты пылимӕ ӕмӕ маймулиимӕ куыд хъазынц, уый.

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, ныййарджытӕ йыл сӕ ныфс куы фӕдарынц ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ сӕ бон цы у, уый куы фӕаразынц

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 128:3. Псаломзарӕггӕнӕг фыртты оливӕбӕласы талатимӕ цӕмӕн абарста? (it-1-U 543)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 132:1–18 (th 2 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД (lmd 1 урок, 3 пункт).

5. Ныхас райдайын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаг загъта, Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм хъуыды (lmd 5 урок, 4 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

(5 мин.): lff 16 урок, 4, 5 дӕлсӕргӕндтӕ. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн зӕгъ, иннӕ къуыри кӕдӕмдӕр цӕуинаг кӕй дӕ ӕмӕ аныхас кӕнут, Библийы ахуыр куыд ацӕудзӕн, ууыл (lmd 10 урок, 4 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

13 зарӕг

7. Ныййарджытӕ, ацы мадзалӕй пайда кӕнут?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Йегъовӕйы организаци бирӕ ӕрмӕг уадзы, цӕмӕй ныййарджытӕн сӕ бон уа сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын. Фӕлӕ ӕппӕты хуыздӕр мадзал у, цӕмӕй сын сӕхӕдӕг фӕзминаг уой ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ахуыр кӕной (Д.з 6:5–9).

Йесо уыцы мадзалӕй пайда кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ амыдтаид.

Бакӕсут Иоанны 13:13–15. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йесо иннӕты ахуыр кодта йӕ хъуыддӕгты фӕрцы. Уый хорз мадзал цӕмӕн уыд?

Уӕ сывӕллӕттӕн цы дзурут, уый уӕхӕдӕг дӕр куы аразат, уӕд уындзысты, цӕуыл сӕ ахуыр кӕнут, уый сын пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Стӕй аргъ кӕндзысты, цы сын амонут, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнддзӕн уӕ коммӕ кӕсын.

Цалдӕр нывы: къамтӕ видеороликӕй «Архайдтам, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн уыдаиккам фӕзминаг». 1. Гарсиаты бинонтӕ машинӕйы бадынц, цӕттӕ сты ӕмбырдмӕ ацӕуынмӕ. 2. Ӕмбырдӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ стъолы уӕлхъус бадынц. Цыдӕртӕ хӕрынц ӕмӕ ныхӕстӕ кӕнынц. 3. Руди Гарсиа йӕ Библийы ахуыр фӕуагъта, цӕмӕй йӕ чызгимӕ аныхас кӕна. 4. Руди ӕмӕ Ненита сӕ чызгӕн Библийы фӕрцы амонынц, раст куыд у бакӕнын, уый.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Архайдтам, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн уыдаиккам фӕзминаг». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Руди ӕмӕ Ненита сӕ чызджыты цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл сахуыр кодтой?

  • Ацы видеоролик уын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уат?

Уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг ут, ахуыр сӕ кӕнут, цӕмӕй...

  • раст уынаффӕтӕ хӕссой ирхӕфсӕнты, нозты ӕмӕ социалон сетьты фӕдыл

  • сын царды сӕйраджыдӕр уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

  • сӕ цардӕмбӕлтты уарзой ӕмӕ сӕ нымайой

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 20 сӕр, 13–20 абз.

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 73 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын