Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 январь 14–15 фф.
  • 24 февралӕй 2 мартъимӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 24 февралӕй 2 мартъимӕ
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 январь 14–15 фф.

24 ФЕВРАЛӔЙ 2 МАРТЪИМӔ

ӔМБИСӔНДТӔ 2

35 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Библи иртасынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсай?

(10 мин.)

Бӕрӕг уыдзӕн, рӕстдзинадӕн кӕй аргъ кӕныс (Ӕм 2:3, 4; w22.08 19 ф., 16 абз.).

Раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ (Ӕм 2:5–7; w22.10 19 ф., 3, 4 абз.).

Дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн (Ӕм 2:11, 12; w16.09 23 ф., 2, 3 абз.).

Израилаг нӕлгоймаг лӕгӕты къахы.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мын Библи иртасын фылдӕр пайда хӕсса?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ӕм 2:7. Рӕстӕй чи цӕры, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ уарт куыд у? (it-2-U 171 ф., 3 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Ӕм 2:1–22 (th 12 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн равдис, сайты jw.org куыд ис ссарӕн, лӕг ӕмӕ усӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг (lmd 1 урок, 3 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагимӕ уый размӕ куы ныхас кодтай, уӕд ӕй цы темӕ бацымыдис кодта, уый фӕдыл ын журнал ратт (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.): lmd Уӕлӕмхасӕн A, 8 пункт. Темӕ «Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой» (th 13 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

96 зарӕг

7. Ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурын уарзыс?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Ӕрыгӕттӕ, фӕндид уӕ балцы ацӕуын ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурынмӕ? Библийы цы хӕзнатӕ ис, уыдон сты ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзнатӕ. Уыдон сты Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ (Ӕм 2:4, 5). Уӕ бон сӕ ссарын уыдзӕн, Библи алы бон дӕр куы кӕсат ӕмӕ, цы бакӕсут, уый лӕмбынӕг куы иртасат, уӕд. Уый уын циндзинад хӕсдзӕн ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстут!

  • Библи кӕсгӕйӕ дӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын? (w24.02 32 ф., 2, 3 абз.)

  • Дӕ бон цавӕр ӕрмӕгӕй у пайда кӕнын, цӕмӕй сын дзуаппытӕ ссарай?

Гыццыл лӕппу бӕлццоны дарӕсы хӕзнадон гом кӕны.

Рубрикӕ «Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?» дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы бакӕсыс, ууыл хъуыды кӕнын сахуыр уай.

Ӕрыгон ӕфсымӕр Библи иртасы. Йӕ стъолыл ис брошюрӕ «Была ли жизнь создана?».

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? Авел».

Бакӕсут Райдиан 4:2–4 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 11:4. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Авел куыд равдыста, Йегъовӕйы ӕмбал кӕй уыд?

  • Авел йӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фидар кодта?

  • Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

УЫНАФФӔ

Библи куы кӕсай, уӕд-иу раиртас, цы адӕмы, бынӕтты ӕмӕ хабӕртты кой дзы ис, уыдон, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ сӕ хорз зоныс, уӕддӕр. Афтӕмӕй дын Библи кӕсын фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн!

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 23 сӕр, 1–8 абз., разныхас 8 хаймӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 102 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын