Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 мартъи 2–16 фф.
  • 3–9 мартъийы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 3–9 мартъийы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 мартъи 2–16 фф.

3–9 МАРТЪИЙЫ

ӔМБИСӔНДТӔ 3

8 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд

(10 мин.)

Дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ (Ӕм 3:5; ijwbv 14 статья, 4, 5 абз.).

Дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ разамынд ын куы агурай ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд (Ӕм 3:6; ijwbv 14 статья, 6, 7 абз.).

Дӕхицӕй ныфсджын ма у (Ӕм 3:7; be 76 ф., 5 абз.).

Ӕрыгон хо йӕ планшеты публикацитӕ иртасы ӕмӕ хъуыды кӕны, йӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзӕн, ууыл. Галиуырдыгӕй ис брошюрӕтӕ уӕлдӕр ахуырады тыххӕй. Рахизырдыгӕй та ис анкетӕ фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй ӕмӕ Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй информаци.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕ царды алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр Йегъовӕйӕ разамынд фӕкурын?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ӕм 3:3. Нӕ бон куыд у ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад нӕ хъуырыл бабӕттын ӕмӕ сӕ нӕ зӕрдӕйыл ныффыссын? (w06 1/10 8 ф., 4 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ӕм 3:1–18 (th 12 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Равдис, адӕймагӕн цы ис зӕгъӕн, куы дын зӕгъа, зӕгъӕм, «нӕ мӕ ’вдӕлы», «мӕнӕн мӕхи дин ис», «куыстмӕ цӕуын» кӕнӕ ма уӕ территорийы адӕм цы фӕзӕгъынц, ахӕм исты (lmd 1 урок, 5 пункт).

5. Ныхас райдайын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймагӕн нӕ сайты тыххӕй зӕгъ ӕмӕ йын сайты визиткӕ ратт (lmd 3 урок, 3 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.) w11 15/3 14 ф., 7–10 абз. Темӕ «Уацамынды нӕ зӕрдӕ дарӕм Хуыцауыл, адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй куы кӕсой, уӕд» (th 20 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

124 зарӕг

7. Йегъовӕйы организацийыл кӕй ӕууӕндыс, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Хуыцау нын Библийы цы разамынд дӕтты, ууыл ӕууӕндын нын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцон вӕййы. Фӕлӕ нын Йегъовӕйы организацийы разамынд чи дӕтты, уыдон ӕнӕххӕст адӕм кӕй сты, уый тыххӕй нын, чи зоны, зын вӕййы сӕ разамындыл ӕууӕндын. Уӕлдай зындӕр та нын вӕййы, сӕ разамынд сын куы нӕ фембарӕм кӕнӕ йемӕ разы куы нӕ вӕййӕм, уӕд.

Бакӕсут Малахи 2:7. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕнӕххӕст нӕлгоймӕгты уылты кӕй дӕтты разамынд, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы?

Бакӕсут Матфейы 24:45. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕйы организаци нын цы разамынд дӕтты, ууыл нӕ бон ӕууӕндын цӕмӕн у?

Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 13:17. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕ разамынд дӕттын кӕй бар бакодта, уыдонмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

Ӕфсымӕр бинонтӕн асыччы хӕринӕгтӕ ӕрбахаста. Алкӕуылдӕр сӕ ис маскӕ ӕмӕ дардӕй кӕрӕдзимӕ сӕ къухтӕ тилынц.
Хо ӕмбырды дзуапп дӕтты. Ӕфсымӕр ӕм микрофон дары. Се ’ппӕтыл дӕр ис маскӕтӕ.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй № 9 (2021 аз)» (скъуыддзаг). Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Пандемийӕйы рӕстӕг Йегъовӕйы организаци цы разамынд лӕвӕрдта, уый нын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) bt 23 сӕр, 9–15 абз., рамкӕтӕ 210, 212 фф.

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 57 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын