12–18 МАЙЫ
ӔМБИСӔНДТӔ 13
34 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. «Фыдгӕнджыты цырагъ» дӕ ма асайӕд
(10 мин.)
Фыдгӕнджытӕн фидӕн нӕй (Ӕм 13:9; it-2-U 709 ф., 5, 6 абз.).
Дӕхи хиз, йӕхи афтӕ чи ӕвдисы, цыма йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ хорз сты, уыдонӕй (Ӕм 13:20; w12 15/7 12 ф., 3 абз.).
Йегъовӕ рӕстгӕнджытӕн арфӕ кӕны (Ӕм 13:25; w04-U 15/7 31 ф., 6 абз.).
Ацы дунейы мацы ауадза, уымӕ чи тырны, уыдонӕн сӕ цард, фыццаг бакастӕй куыд фӕзыны, афтӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ ӕнӕмӕт нӕ вӕййы. Ӕцӕг амондджын сты, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ӕм 13:24. Ацы стихӕй цы ис базонӕн уарзондзинады ӕмӕ зондамынды тыххӕй? (it-1-U 1290 ф., 2 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ӕм 13:1–17 (th 10 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Ныхас райдай, ӕрӕджы чи ӕрцыд, ахӕм хабарӕй. Адӕймаджы ӕндӕр темӕ куы цымыдис кӕна, уӕд ын уый фӕдыл Библийӕ исты хъуыды зӕгъ (lmd 2 урок, 5 пункт).
5. Ныхас райдайын
(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаджы ӕмбырдмӕ фӕхон (lmd 2 урок, 3 пункт).
6. Раныхас
(5 мин.) lmd Уӕлӕмхасӕн А, 9 пункт. Темӕ «Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты куы нымайой ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсой, уӕд арфӕгонд уыдзысты» (th 16 урок).
77 зарӕг
7. «Рӕстгӕнджытӕн сӕ рухс цины тыбар-тыбур кӕндзӕн»
(8 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдон сты ӕппӕты хуыздӕр. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм ӕмӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм. Ацы дунейы та ӕцӕг амондджын никуы уыдзыстӕм.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Дунейӕн йӕ бон нӕу раттын, йӕхимӕ цы нӕй, уый». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Хо Гузелы хабарӕй куыд зыны, «рӕстгӕнджытӕн сӕ рухс... фыдгӕнджыты цырагъӕй» бирӕ хуыздӕр кӕй у? (Ӕм 13:9).
Уӕ рӕстӕг ма хардз кӕнут, ацы дунейы уын цы бантысид, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ кӕнӕ ма фӕсмон кӕнут, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы уынаффӕтӕ рахастат, уыдоныл (1Ин 2:15–17). Уый бӕсты хъуыды кӕнут, «ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у», уый кӕй ссардтат, ууыл (Фп 3:8).
8. Ӕркӕсинаг фарстатӕ
(7 мин.)
9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) bt 26 сӕр, 9–17 абз.