16–22 ИЮНЫ
ӔМБИСӔНДТӔ 18
90 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Йе ’нӕниздзинад кӕмӕн фӕцудыдта, уыдоны-иу бафидар кӕн
(10 мин.)
Хуыцауы сыгъдӕг тых дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зонай, цы зӕгъай, уый (Ӕм 18:4; w22.10 22 ф., 17 абз.).
Адӕймаг цӕуыл тыхсы, уый бамбарыныл-иу бацархай (Ӕм 18:13; mrt-U 19 статья, рамкӕ).
Фӕразон у ӕмӕ баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ у (Ӕм 18:24; wp23.1 14 ф., 3 абз. – 15 ф., 1 абз.)
АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕ бон куыд у мӕ цардӕмбалӕн ӕххуыс кӕнын, кӕд цавӕрдӕр низӕй хъӕрзы кӕнӕ психикӕимӕ баст низӕй рынчын у, уӕд?»
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ӕм 18:18. Раджы заманты-иу хӕлттӕ цӕмӕн сӕппӕрстой? (it-1-U 789 ф., 11 абз. – 790 ф., 1 абз.).
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ӕм 18:1–17 (th 11 урок)
4. Ныхас райдайын
(1 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймаг ӕндӕр ӕвзагыл дзуры (lmd 2 урок, 5 пункт).
5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн
(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймаг дын дзуры, цӕмӕй йын цыбыртӕй зӕгъай, цӕмӕн ӕрбацыдтӕ, уый (lmd 7 урок, 4 пункт).
6. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн
(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн радзур, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый тыххӕй (lmd 9 урок, 5 пункт).
7. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн
(4 мин.) Равдыст: ijwfq 29 статья. Темӕ «Креационизмыл ӕууӕндыс?» (lmd 5 урок, 5 пункт).
144 зарӕг
8. Бирӕ кӕй уарзыс, уыдонӕн «ӕнӕ ныхӕстӕй» ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Чи зоны нӕ кӕмӕндӕр йӕ цардӕмбал йе та йӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц кӕнӕ та йе ’мбӕлттӕй чидӕр ӕмбырдтӕм нал цӕуы. Мыййаг-иу семӕ тыхдзырд нӕ кодтай кӕнӕ-иу сыл нӕ ныттыххӕй дӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой? Мах фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаиккам, фӕлӕ, чи зоны, хабар афтӕ рауад, ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ уавӕр ноджы фӕфыддӕр кодтой (Ӕм 12:18). Нӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын?
1 Петры 3:1 фыст ис, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕгтӕ «ӕнӕ ныхӕстӕй... суой коммӕгӕс». Хойӕн йӕ лӕджы Библийыл ныхас кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕддӕр ын йӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базона. Хо Библийӕ базыдта, йӕ бон куыд у фӕлмӕнӕй, хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайын. Ӕмӕ уый фӕрцы, чи зоны, йӕ лӕджы бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй базонын (Ӕм 16:23). Нӕ уагахаст, нӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ, чи зоны, хорзырдӕм фӕзыной, нырма Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоныл (Кл 4:6).
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Сӕ уырнындзинады сӕрыл ӕнтыстджынӕй тох кӕнынц. Йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг кӕмӕн у, уыдон». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Хо Сасакийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнут?
Хо Итойы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнут?
Хо Окадӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнут?
9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) bt 27 сӕр, 23–26 абз., рамкӕтӕ 244, 247 фф.