Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 ноябрь 6–7 фф.
  • 17–23 ноябры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 17–23 ноябры
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 ноябрь 6–7 фф.

17–23 НОЯБРЫ

СОЛОМОНЫ ЗАРӔГ 6–8

34 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Хӕрзӕгъдау цард кӕн

(10 мин.)

Суламитаг чызджы ӕфсымӕрты фӕндыд, цӕмӕй сӕ хо ӕнӕгъдаудзинадӕй йӕхи хызтаид (Сл.з 8:8, 9; w15 15/1 32 ф., 15, 16 абз.).

Суламитаг чызгӕн йӕ зӕрдӕйы уыд фарн, уымӕн ӕмӕ фӕлварӕны фидар фӕлӕууыд (Сл.з 8:10; yp-U 188 ф., 2 абз.).

Суламитаг чызг ацы хъуыддаджы ӕрыгӕттӕн фӕзминаг у (mwb16.11 8).

Ӕртӕ израилаг нӕлгоймаджы дурӕй амад къулы раз лӕууынц, сӕ къухтӕ сӕ дӕлӕрмтты, афтӕмӕй.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Ме ’мбырды бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн мӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кӕной?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Сл.з 8:6. Ӕцӕг уарзт «Йагъы пиллон арт» цӕмӕн хуыйны? (w15 15/1 29 ф., 3 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Сл.з 7:1–13 (th 12 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн нӕ сайты визиткӕ ратт, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнын райдайай (lmd 4 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Куыстуӕтты хъусын кӕнгӕйӕ дӕ ныхас райдай нӕ буклеттӕй искӕцыйы фӕрцы (lmd 1 урок, 4 пункт).

6. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын райдай. Уӕ ныхас фӕци, хорз хабары кой нӕма скодтай, афтӕмӕй (lmd 2 урок, 4 пункт).

7. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.) Равдыст: lff 42 урок, 3–5 дӕлсӕргӕндтӕ. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн йӕ цард искӕимӕ баиу кӕныны размӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?» (th 7 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

121 зарӕг

8. Хӕтындзинадӕй дард лидзут

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Соломоны зарӕджы чиныджы фыст ис, фыййау суламитаг чызджы йемӕ тезгъо кӕнынмӕ кӕй фӕхуыдта (Сл.з 2:10–14). Фыййауӕн йӕ зӕрды ӕвзӕрӕй ницы уыд. Фӕлӕ чызджы ӕфсымӕртӕ ӕмбаргӕдзинад равдыстой ӕмӕ йын цыдӕр куыстытӕ бахӕс кодтой, цӕмӕй йемӕ ма ацыдаид (Сл.з 2:15). Уыдон зыдтой, адӕймаг йӕ уарзонимӕ иунӕгӕй куы баззайа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕрӕдийой.

Библи чырыстӕтты фӕдзӕхсы: «Хӕтындзинадӕй дард лидзут» (1Кр 6:18). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕнӕгъдаудзинадмӕ нӕ чи ӕркӕна, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Соломоны зарӕджы чиныг чи ныффыста, уый ма ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕм 22:3).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Хуыцау „зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ“». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ацы видеороликӕй уӕхицӕн зондӕн цы райстат?

    Къам видеороликӕй «Хуыцау „зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ“». Ӕфсымӕрмӕ ӕмбырды рӕстӕг смс ӕрбацыд.
    Къам видеороликӕй «Хуыцау „зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ“». Скъолайы ӕфсымӕр чызгмӕ хӕстӕг бады; чызг ын йӕ къухмӕ ’вналы.
    Къам видеороликӕй «Хуыцау „зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ“». Ӕфсымӕр йӕ ныййарджытимӕ стъолы фарсмӕ бады ӕмӕ семӕ ныхас кӕны.

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 36, 37 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 51 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын