УЫНАФФӔТӔ ИРТАСЫНӔН
Уӕлӕмхасӕн стихтӕй пайда кӕн
«Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Библийы иу хъуыды иннӕйы ныхмӕ кӕй нӕу. Уыцы стихты фӕрцы нӕ бон вӕййы Библийы иннӕ стихты тыххӕй фылдӕр базонын. Кӕд дзырды фӕстӕ гыццыл дамгъӕ ис, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы стихмӕ ис уӕлӕмхасӕн стихтӕ. Кӕд мыхуыргонд Библи фӕкӕсыс, уӕд астӕуӕй фӕлгӕты уыцы дамгъӕ ссар. Йӕ фарсмӕ фендзынӕ уӕлӕмхасӕн стихтӕ. Кӕд Библи сайты jw.org кӕнӕ приложенийы JW Library® фӕкӕсыс, уӕд та дӕ бон у уыцы гыццыл дамгъӕйыл ныххӕцын.
Уӕлӕмхасӕн стихты фӕрцы дӕ бон цавӕр ӕрмӕг у ссарын?
Цы кӕсыс, уый тыххӕй ма ноджыдӕр кӕм ис фыст. Уӕлӕмхасӕн стихтӕй базонӕн вӕййы, Библийы цы кӕсыс, уый кой ма ноджыдӕр кӕм ис, уый. Зӕгъӕм, кӕс 2 Самуилы 24:1 ӕмӕ 1 Азфыстыты 21:1.
Кӕцӕй ист у. Уӕлӕмхасӕн стихтӕй базонӕн вӕййы, цавӕрдӕр дзырд кӕнӕ хъуыды кӕцӕй ист у, уый. Зӕгъӕм, кӕс Матфейы 4:4 ӕмӕ Дыккаг закъон 8:3.
Чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарад. Уӕлӕмхасӕн стихтӕй базонӕн вӕййы, пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый. Зӕгъӕм, кӕс Матфейы 21:5 ӕмӕ Захари 9:9.