Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 сентябрь 31 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ фӕллад адӕймагӕн хъарутӕ ратты
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Уӕларвон мӕргътӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • «Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 сентябрь 31 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Ӕмбисӕндты 30:18, 19 стихты фыст ис, зӕгъгӕ, «тынг диссаг [мӕм] кӕсы... нӕлгоймаджы фӕндаг чызджы зӕрдӕмӕ». Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты, уый бирӕты фӕфӕнды бамбарын, уыимӕ ахуыргӕндтӕй дӕр кӕйдӕрты. «Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы стихтӕ ӕнӕхъӕнӕй сты афтӕ: «Ис ӕртӕ хъуыддаджы, ӕмӕ мӕм тынг диссаг кӕсынц, цыппар, ӕмӕ сӕ мӕ бон бамбарын нӕу: цӕргӕсы фӕндаг арвыл, калмы фӕндаг къӕдзӕхыл, науы фӕндаг денджызы астӕу ӕмӕ нӕлгоймаджы фӕндаг чызджы зӕрдӕмӕ» (Ӕмб. 30:18, 19).

Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ ныхӕстӕ «нӕлгоймаджы фӕндаг чызджы зӕрдӕмӕ» ӕвзӕр цӕмӕдӕр амонынц. Афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтам? Уымӕн ӕмӕ, ацы стихтӕн сӕ разӕй цы стихтӕ ис, уыдоны дзырд цӕуы, «фаг у», зӕгъгӕ, чи никуы зӕгъдзӕн, ахӕм ӕвзӕр цӕуылдӕрты (Ӕмб. 30:15, 16). 20-ӕм стихы та дзырд цӕуы, афтӕ чи дзуры, «ӕз ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон», зӕгъгӕ, ахӕм хӕтаг сылгоймагыл. Ӕмӕ нӕм афтӕ каст, ӕмӕ, цӕргӕс арвыл, калм къӕдзӕхыл ӕмӕ нау денджызы астӕу фӕд дӕр куыд нӕ ныууадзынц, афтӕ нӕлгоймаг дӕр, гӕнӕн ис, исты сараза, ӕмӕ фӕд дӕр ма ныууадза. Уымӕ гӕсгӕ ныхӕстӕ «нӕлгоймаджы фӕндаг чызджы зӕрдӕмӕ» афтӕ ӕмбӕрстам, ӕмӕ ӕрыгон нӕлгоймаг хинӕйдзаг митӕ акӕны, цӕмӕй ӕрыгон чызджы фӕрӕдийын кӕна.

Фӕлӕ ацы стихты дзырд ӕвзӕр цӕуылдӕр нӕ цӕуы, ӕмӕ уымӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уыцы ныхӕстӕ чи ныффыста, уый кодта, диссаг ӕм цы касти, уыдӕтты кой.

Дзуттаг къухфыстытӕй дӕр бӕрӕг у, Ӕмбисӕндты 30:19 стихы дзырд ӕвзӕр цӕуылдӕр кӕй нӕ цӕуы. 18-ӕм стихы дзырдбастӕй «тынг диссаг [мӕм] кӕсынц» кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырды тыххӕй иу библион дзырдуаты фыст ис: «Уый амоны, адӕймаджы стыр дисы чи ’фтауы, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ гӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабармӕ» (Theological Lexicon of the Old Testament).

Га́рварды университеты профессор Той Кро́уфорд дӕр ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ уыцы стихты дзырд ӕвзӕр цӕуылдӕр нӕ цӕуы. Уый загъта: «Ацы ныхӕстӕ чи ныффыста, уый кодта, кӕй ранымадта, уыцы хъуыддӕгтӕ куыд диссаг сты, уый кой».

Уӕдӕ нӕ фӕрӕдидзыстӕм, афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ Ӕмбисӕндты 30:18, 19 стихты дзырд цӕуы, ӕцӕгдӕр диссаг чи сты, нӕ бон бамбарын кӕй нӕу, ахӕм хъуыддӕгтыл. Махмӕ дӕр диссаг кӕсы, цӕргӕс куыд бӕрзонд фӕтӕхы, калм къӕдзӕхтыл куыд тагъд фӕбыры, стыр нау денджызӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ куыд фӕцӕуы ӕмӕ лӕппу ӕмӕ чызг сӕ кӕрӕдзи куыд бауарзынц ӕмӕ амондджын цард куыд фӕкӕнынц, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын