ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Дыууын дыууӕ адӕймаджы аргъуан ныууагътой
ХЕРМАН ГОМЕРӔ 11 сывӕллонӕй уыд кӕстӕры хистӕр. Йӕ фыд ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы куы амардысты, уӕд йӕ мад, Луисӕ, йӕ сывӕллӕттимӕ горӕтмӕ цӕрынмӕ алыгъд. Уым райдыдтой меннонитты аргъуанмӕ цӕуын. Луизӕйы ӕфсымӕртӕ дӕр сӕ бинонтимӕ уырдӕм цыдысты.
Херман радзырдта: «1962 азы нӕ горӕтмӕ ӕрцыдысты сӕрмагонд пионертӕ, лӕг ӕмӕ ус. Афтӕ сӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, горӕты цӕрджытӕн „хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕ“ амонынц. Фӕлӕ иухатт ӕрбацыдысты иу стыр бинонтӕм, сӕ мыггаг, Пинья, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уыдон мидӕмӕ фӕхуыдтой. Уыцы бинонты дисы бафтыдта, куыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан уыдысты, уый, ӕмӕ сӕм зӕрдиагӕй байхъуыстой. Се ’ппӕт дӕр, стӕй ма хистӕр хотӕй ӕртӕйӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой».
Херман дарддӕр радзырдта: «Иу бон та уыцы бинонтӕм куы ’рбацыдысты, уӕд мӕ мад дӕр уым уыд. Библийӕ сын стих бакастысты, адӕм зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый тыххӕй. Мӕ мад сӕ бафарста, зӕгъгӕ, дам, уӕдӕ, ӕз цы аргъуанмӕ цӕуын, уым афтӕ цӕмӕн дзурынц, ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзыстӕм. Ӕфсымӕр ын Библийӕ стих бакаст ӕмӕ йын бамбарын кодта, дзырд дзы кӕй цӕуы, адӕм зӕххыл кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Мӕ мадӕн уый йӕ зӕрдӕ бацагайдта, ӕмӕ, цы базыдта, уый иннӕтӕн дӕр дзурын райдыдта.
Меннонитты аргъуаны хистӕртӕ куы базыдтой, сӕ адӕмӕй чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнынц, уӕд сын загътой, цӕмӕй сӕм хӕстӕгдӕр мауал цыдаиккой. Ӕмӕ сӕм кӕд ӕртхъирӕн кодтой ӕмӕ семӕ карзӕй дзырдтой, уӕддӕр сӕм нӕ байхъуыстой. Максиминӕ, уыцы стыр бинонтӕн сӕ мад, сауджынтӕн афтӕ бакодта: „Гыццыл сывӕллон нал дӕн, ӕмӕ мын цы кӕнгӕ у, уый мӕхӕдӕг хуыздӕр зонын“».
«Ӕппынфӕстаг меннонитты аргъуан ныууагъта 22 адӕймаджы, ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой,– дзуры Херман.– Ӕмбырдтӕ-иу сын уыд, кӕй баххуырстой, иу ахӕм хӕдзары. Мӕ мад донаргъуыд райста 1965 азы, ӕз та – 1969 азы, 13 азы мыл куы цыд, уӕд».
Херман йӕ хотимӕ; иууылдӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц