ИНДОНЕЗИ
Ӕппӕты зынаргъдӕр ын уыдысты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ
Дю Сэн Бе
РАЙГУЫРД: 1906 аз.
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1937 аз.
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: хистӕр нӕлгоймаг, расӕты ’хсӕн цы быцӕутӕ рауад, уыдоны фидар фӕлӕууыд. (Радзырдта йӕ йӕ чызг Дю Сюэ Нио.)
1963 азы майы Скӕсӕн Явӕйы адӕм китайӕгты ныхмӕ змӕнтын райдыдтой. Ӕппӕты уӕззаудӕр цӕф ӕрцыд горӕт Сукабумийы цӕрджытыл. Уым нӕ бинонтӕн уыди фирмӕ, кодтам уӕззӕуттӕ ласыны куыст. Нӕ хӕдзармӕ ӕрбагуылф кодтой цалдӕр сӕдӕ знӕт адӕймаджы. Семӕ уыдысты нӕ сыхӕгтӕй дӕр чидӕртӕ. Мах фыртӕссӕй кӕрӕдзийыл бандӕгъдыстӕм, афтӕмӕй кастыстӕм, нӕ хӕдзар нын куыд пырх кодтой ӕмӕ нын нӕ мулк куыд давтой, уымӕ.
Уыдон куы ацыдысты, уӕд нӕм нӕ иннӕ сыхӕгтӕ ныфсытӕ ӕвӕрынмӕ ӕрбацыдысты. Мӕ фыд дӕр семӕ, афтӕмӕй иууылдӕр пъолыл ӕрбадтысты. Нӕ дзаумӕттӕй ма дзы цы баззад, уыдоны ’хсӕн разынд йе стыр Библи сундайнаг ӕвзагыл. Мӕ фыд ӕй байгом кодта ӕмӕ сын загъта, ахӕм бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн, уый раджы фыст кӕй ӕрцыд. Стӕй сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзырдта.
Мӕ фыдӕн мулк сӕйраг никуы уыд. Арӕх-иу нын дзырдта: «Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй зынаргъдӕр ницы ис!» Зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодта, уый руаджы йӕ ус, йе ’хсӕз сывӕллоны, йӕ 90-аздзыд фыд ӕмӕ ма йӕ хӕстӕджытӕй ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕй дӕр бирӕтӕ рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууыдысты.