Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 60 радз.
  • Авигейӕ ӕмӕ Давид

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Авигейӕ ӕмӕ Давид
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • «Де ’рхъуыдыдзинад домбай уӕд»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Иуӕй-иутӕ цавӕр ном скодтой сӕхицӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 60 радз.
Авигейӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕмӕн хӕринаг ӕрбахаста

60 РАДЗЫРД

Авигейӕ ӕмӕ Давид

ДАВИДЫ размӕ цы рӕсугъд сылгоймаг ӕрбацӕуы, уый зоныс? Йӕ ном хуыйны Авигейӕ. Уый тынг зондджын сылгоймаг у, суанг ма Давиды дӕр стыр фыдбылызӕй бахызта. Фӕлӕ цалынмӕ Авигейӕимӕ базонгӕ уӕм, уӕдмӕ уал ӕркӕсӕм, Давидыл цы ’рцыд, уымӕ.

Давид Саулӕй куы алыгъд, уӕд ӕмбӕхст лӕгӕты. Уырдӕм ӕм ӕрцыдысты йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ. Ӕдӕппӕт ӕм ӕрцыд цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ Давид сси сӕ раздзог. Уый фӕстӕ Давид ацыд Моавы паддзахмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, цалынмӕ мӕ хабар куыд уыдзӕн, уый нӕ базонон, уӕдмӕ мын мӕ фыд ӕмӕ мӕ мады де уазӕг бакӕн». Йӕхӕдӕг та йӕ адӕмимӕ ӕмбӕхст хӕхты.

Уыцы хабӕртты фӕстӕ Давид сӕмбӕлд Авигейӕйыл. Йӕ лӕг Навал у тынг хъӕздыг лӕг, ис ӕм стыр зӕххытӕ. Ис ӕм ӕртӕ мин фыстӕ, иу мин та – сӕгътӕ. Фӕлӕ Навал у тынг ӕвзӕр лӕг. Йӕ бинойнаг Авигейӕ та у диссаджы сылгоймаг. Уый зоны, раст кӕнын куыд хъӕуы, уый. Иу хатт йӕ бинонты мӕлӕтӕй дӕр фервӕзын кодта. Базонӕм, уыцы хабар куыд ӕрцыд, уый.

Давид йӕ адӕмимӕ Навалӕн сарӕзта хорз хъуыддаг. Йӕ фысты йын хъахъхъӕдтой. Иу хатт куы уыд, уӕд Давид дӕр йӕ адӕмы арвыста Навалмӕ ӕххуысгур. Давиды адӕм ӕм куы ’рцыдысты, уӕд Навалы ӕмӕ йе ’ххуырстыты ӕрӕййӕфтой фыстӕ ӕлвынгӕйӕ. Ахӕм бон бӕрӕгбоныл нымад вӕййы ӕмӕ Навалмӕ ис бирӕ хӕрзад хӕринӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Давиды адӕм загътой Навалӕн:

– Мах дын хорзы бацыдыстӕм. Дӕ фыстӕм дын кастыстӕм, ӕргӕвдгӕ та дзы иу дӕр нӕ акодтам. Дӕ хорзӕхӕй, ныр та нын ды ракӕн хорздзинад, хӕринагӕй нӕм фӕкӕс.

– Уӕ хуызӕттӕн мӕнмӕ хӕринаг нӕй,– загъта сын Навал. Уый дзырдта тынг ӕвзӕр дзыхӕй, Давиды фыдкой дӕр фӕкодта. Адӕм фӕстӕмӕ Давидмӕ куы ’рыздӕхтысты ӕмӕ йын хабар куы радзырдтой, уӕд йӕ маст рафыхт. «Рахӕссут уӕ цирхътӕ!»– загъта йӕ адӕмӕн. Ӕмӕ араст сты Навал ӕмӕ йӕ адӕмы ныццӕгъдынмӕ.

Навал Давидӕй цы ӕвзӕр ныхӕстӕ фӕдзырдта, уыдон Авигейӕйӕн ӕххуырстытӕй сӕ иу радзырдта. Уыцы тӕккӕ Авигейӕ хӕринӕгтӕ амбырд кодта, хӕрджытыл сӕ сӕвӕрдта ӕмӕ фӕндагыл араст. Давиды куы федта, уӕд хӕрӕгӕй ӕрхызт, йӕ сӕрӕй йын акуывта ӕмӕ загъта: «Хицау, курын дӕ, мӕ лӕг Навалы ныхӕстӕ мацӕмӕ ӕрдар. Ӕдылы у, ӕмӕ афтӕ бирӕ ӕнӕзонд митӕ дӕр уымӕн кӕны. Адон сты лӕвар. Дӕ хорзӕхӕй, айс сӕ, ӕмӕ нын ныххатыр кӕн».

Давид загъта Авигейӕйӕн: «Ды зондджын сылгоймаг дӕ. Бахызтай мӕ стыр бӕллӕхӕй, нӕ мӕ бауагътай Навалы амарын, ахӕм мӕнгард ми мын кӕй бакодта, уый тыххӕй. Фарнимӕ аздӕх дӕ хӕдзармӕ». Фӕстӕдӕр, Навал куы амард, уӕд Авигейӕ сси Давиды устытӕй иу.

1 Паддзахӕдты 22:1–4; 25:1–43.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын