Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 100 радз.
  • Йесо дыргъдоны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо дыргъдоны
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чырыстийы ӕрцахстой
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Гадзрахатдзинад ӕмӕ ӕрцахст
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесойы ӕрцахстой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тӕрсӕм?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 100 радз.
Гефсиманы дыргъдоны Иудӕ Йесойӕн апъа кодта ӕмӕ йыл афтӕмӕй гадзрахатӕй рацыд

100 РАДЗЫРД

Йесо дыргъдоны

ЙЕСО ӕмӕ йӕ апостолтӕ уӕллаг уатӕй куы рацыдысты, уӕд араст сты Гефсиманы дыргъдонмӕ. Ам-иу уый размӕ дӕр арӕх уыдысты. Йесо сын дзуры, цӕмӕй ма бафынӕй уой ӕмӕ Хуыцаумӕ кувой. Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыд, йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ кувы.

Фӕстӕдӕр ӕрбаздӕхт, йӕ апостолты кӕм ныууагъта, уырдӕм. Куыд хъуыды кӕныс, цы кусынц? Фынӕй кӕнынц! Йесо сын ӕртӕ хатты загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уой, фӕлӕ куы ӕрбаздӕхы, уӕд та сӕ ӕрбаййафы фынӕйӕ.

– Ахӕм рӕстӕджы уӕ бон фынӕй кӕнын та куыд у?– бафарста сӕ Йесо, ӕртыккаг хатт куы ӕрбаздӕхт, уӕд.– Ацы сахат ме знӕгты къухмӕ лӕвӕрд куы ’рцӕудзынӕн.

Ӕмӕ уыцы рӕстӕг райхъуыст бирӕ адӕмы хъӕлӕба. Мӕнӕ, ӕрбацӕуынц кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ! Сӕ къухты ис цырӕгътӕ, уыдонӕй рухс кӕнынц сӕ развӕндаг. Адӕм куы ’рбаввахс сты, уӕд се ’хсӕнӕй иу чидӕр размӕ рахызти ӕмӕ комкоммӕ Йесомӕ бацыди. Кӕс ма, пъа кӕны Йесойӕн. Уый Искариотаг Иудӕ у! Фӕлӕ йын цӕмӕн апъа кодта?

– Иудӕ, пъайӕ мӕ уӕй кӕныс, ӕви?– фӕрсы йӕ Йесо.

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр – пъа у нысан. Иудӕ йемӕ цы адӕмы ӕрбакодта, уыдонӕн афтӕмӕй ӕмбарын кӕны, уый кӕй у Йесо – чи сӕ хъӕуы, уый. Уымӕ гӕсгӕ Йесомӕ йе знӕгтӕ балыгъдысты, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой. Фӕлӕ Петры нӕ фӕнды Йесойы афтӕ ӕнцонтӕй раттын. Йӕ кард фелвӕста ӕмӕ йӕ фарсмӕ цы лӕг лӕууыд, ууыл ӕй ӕруагъта. Кард лӕгӕн йӕ сӕрыл не ’руад, ӕрмӕстдӕр ын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. Фӕлӕ йын Йесо йӕ хъусыл йӕ къух авӕрдта ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. Петрӕн та загъта: «Дӕ кард йӕ бынаты сӕвӕр. Нӕ йӕ зоныс, мӕ бон кӕй у мӕ Фыдӕн зӕгъын, цӕмӕй мӕ фервӕзын кӕнынмӕ мингай зӕдты дӕр рарвита?» О, Йесойӕн ӕцӕгдӕр у йӕ бон афтӕ саразын. Фӕлӕ Хуыцауӕй нӕ куры, цӕмӕй йӕм зӕдты рарвита, уымӕн ӕмӕ зоны, уыцы рӕстӕг кӕй ӕрцыд, ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕ ӕрцахсой. Уымӕ гӕсгӕ сӕм ныхмӕ нӕ лӕууы. Уыдон ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ фӕкӕнынц. Цымӕ Йесойыл дарддӕр цы ’рцыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Матфейы 26:36–56; Лукайы 22:39–53; Иоанны 18:1–12.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын