Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 73 сӕр
  • Хӕларзӕрдӕ самариаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хӕларзӕрдӕ самариаг
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Самариаг равдыста ӕцӕг уарзондзинад
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Иннӕтӕн хорздзинад араз
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо адӕмы куыд ахуыр кӕны
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хорз сыхагӕн ӕмбал нӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 73 сӕр

73 сӕр

Хӕларзӕрдӕ самариаг

ӔВӔЦЦӔГӔН Йесо ныр ис Иерусалимӕй ӕртӕ километры дарддӕр, Вифанийы хъӕумӕ хӕстӕг. Моисейы Закъон хорз чи зоны, иу ахӕм адӕймаг фӕрсы Йесойы: «Ахуыргӕнӕг! цы кӕнын хъӕуы мӕн, цӕмӕй мыггагмӕйы цардӕй хайджын уон?»

Йесо фӕхатыд, закъонзонӕджы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕй бамбарын кӕна, фӕлӕ йӕ фӕлваргӕ кӕй кӕны. Чи зоны закъонзонӕджы фӕнды, цӕмӕй Йесо ахӕм дзуапп ратта, ӕнӕрцӕф иудейтӕ куыд смӕсты уой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо закъонзонӕджы разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ хъуыды зӕгъа, фӕрсы йӕ: «Закъоны цы фыст ис? куыд кӕсыс?»

Закъонзонӕджы дзуаппӕй бӕрӕг у, куырыхон зонды хицау кӕй у, уымӕн ӕмӕ дзуры Хуыцауы Закъонӕй, Дыккаг закъоны 6:5 ӕмӕ Левиты 19:18 куыд фыст у, афтӕ: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт хъаруйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ дӕ хӕстӕджы дӕр дӕхи хуызӕн».

«Раст дзуапп лӕвӕрдтай,— дзуры йын Йесо.— Афтӕ кӕн ӕмӕ цӕрдзынӕ».

Фӕлӕ закъонзонӕг уымӕй разы нӕу. Йесойӕ фылдӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый фӕнды, цӕмӕй Йесо зӕгъа, йӕ хъуыдытӕ раст кӕй сты ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕм дӕр раст ахаст кӕй ис. Уый тыххӕй йӕ фӕрсы: «Мӕ хӕстӕг та чи у?»

Иудейты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзырд «хӕстӕг» хауы ӕрмӕстӕдӕр се ’мтуг иудейтӕм, ӕвӕццӕгӕн, Левиты 19:18 контекст куыд амоны, афтӕ. Фӕстӕдӕр апостол Петр йӕхӕдӕг загъта: «Уӕхӕдӕг дӕр ӕй зонут, Иудеагӕн кӕй нӕ фӕтчы ӕцӕгӕлӕттӕм ӕввахс цӕуын». Уымӕ гӕсгӕ закъонзонӕг ӕмӕ, чи зоны, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ӕнхъӕлынц, зӕгъгӕ, цӕмӕй рӕстаг адӕймӕгтыл нымад цӕуой, уый тыххӕй фаг у иудейтӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дарын; сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ иннӕ адӕмтӕ не сты сӕ хӕстӕджытӕ.

Цы хъуамӕ сараза Йесо, цӕмӕй йӕм чи хъусы, уыдоны ма фӕхъыг кӕна ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ цӕстӕнгас сраст кӕна? Уый сын дзуры, ӕвӕццӕгӕн, царды ӕцӕгӕй чи ӕрцыд, ахӕм цау. Йесо куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй иу иудейаг «цыд Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕмӕ бахаудта абырджытӕм, кӕцытӕ йын раластой йӕ дарӕстӕ, фӕцӕфтӕ йӕ кодтой, ӕмӕ ацыдысты, уый ӕрдӕгмардӕй ныууадзгӕйӕ».

«Хъуыддаджы фӕдыл,— дзуры дарддӕр Йесо,— иу сауджын цыд уыцы фӕндагыл ӕмӕ, фенгӕйӕ уый, ацыд йӕ рӕзты. Афтӕ левит дӕр, уӕвгӕйӕ уыцы ран, бацыд, федта йӕ ӕмӕ ацыд йӕ рӕзты. Иу чидӕр Самариаг та, фӕцӕйцӕугӕйӕ, ууыл фембӕлд, ӕмӕ йӕ фенгӕйӕ, фӕтӕригъӕд кодта уымӕн».

Кувӕндоны лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй бирӕтӕ цӕрынц Иерихоны. Уыдон 23 километры бӕрц цӕуын хъӕуы, Иерусалимы кувӕндонӕй 900 метры ныллӕгдӕр чи у, ахӕм тӕссаг фӕндагыл. Раст зӕгъгӕйӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн ӕмбӕлд фыдбылызы бахауӕг ӕмбӕстагӕн баххуыс кӕнын, фӕлӕ уыдон уый нӕ сарӕзтой. Сӕ бӕсты йын баххуыс кодта самариаг. Иудейтӕн самариӕгтӕ афтӕ ӕнӕуынон сты, ӕмӕ гыццыл раздӕр, цӕмӕй Йесойы бафхӕрой, уый тыххӕй йӕ схуыдтой «самариаг».

Куыд баххуыс кодта самариаг иудейагӕн? Йесо дзуры, зӕгъгӕ, уый «бацӕугӕйӕ, бабаста уымӕн йӕ цӕфтӕ, зети ӕмӕ сӕн кӕнгӕйӕ; ӕмӕ йӕ сӕвӕргӕйӕ йӕ хӕрӕгыл, ӕрласта уазӕгдзӕрӕнмӕ ӕмӕ йыл батыхст; иннӕ бон та цӕугӕйӕ, систа дыууӕ динары, ратта уазӕгдзӕрӕны хицауӕн ӕмӕ загъта уымӕн: батыхс ууыл, ӕмӕ фылдӕр куы схардз кӕнай, уӕд дын ӕз бафиддзынӕн фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд».

Ацы цау радзургӕйӕ, Йесо закъонзонӕджы фӕрсы: «Чи уыд уыцы ӕртӕйӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, абырджытӕм бахауӕджы хӕстӕг?»

Закъонзонӕг йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы самариагӕй хорз зӕгъын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзуапп дӕтты: «Уымӕн хорзӕх ракӕнӕг».

«Цу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн»,— кӕронбӕттӕны йын загъта Йесо.

Йесо закъонзонӕгӕн комкоммӕ куы загътаид, иннӕ адӕмтӕ дӕр йӕ хӕстӕджытӕ кӕй сты, уӕд ыл уый не сразы уыдаид; уымӕй уӕлдай сӕ ныхасмӕ цы адӕм хъуыстой, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фарс рахӕцыдаиккой. Ацы цау ирдӕй ӕвдисы, ӕрмӕст нӕ расӕйы кӕнӕ нӕ нацийы адӕм кӕй не сты нӕ хӕстӕджытӕ. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы хуызы ахуыр кодта Йесо! Лукайы 10:25—37; Куыстытӕ 10:28, НФ; Иоанны 4:9; 8:48

▪ Закъонзонӕг Йесомӕ цавӕр фарстытӕ ратта ӕмӕ цӕмӕн?

▪ Иудейтӕ сӕ хӕстӕджытӕ кӕй нымайынц ӕмӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц?

▪ Цы сарӕзта Йесо закъонзонӕджы цӕстӕнгас сраст кӕнынӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын