91 сӕр
Лазӕры райгас
ЙЕСО ӕмӕ йе ’мбӕлццӕтӕ ӕрбахӕццӕ сты Лазӕры зӕппадзмӕ. Уый у лӕгӕт, йӕ бахизӕныл та ис дур фӕлдӕхт. «Айсут дур»,— дзуры Йесо.
Марфӕ не ’мбары, Йесойӕн цы йӕ зӕрды ис, ӕмӕ йын дзуры: «Хицау! смаг кӕны; уымӕн ӕмӕ цыппар боны уый ингӕны ис».
Фӕлӕ йӕ Йесо фӕрсы: «Нӕ дын загътон Ӕз, куы ӕууӕндай, уӕд фендзынӕ Хуыцауы кад?»
Дур айстой. Йесо уӕларвмӕ скаст ӕмӕ скуывта: «Мӕ Фыд! бузныг дӕн Дӕуӕй, Ды кӕй фехъуыстай Мӕн; Ӕз зонгӕ дӕр кодтон, Ды ӕдзухдӕр кӕй фехъусдзынӕ Мӕн; фӕлӕ адон загътон ам лӕууӕг адӕмы тыххӕй, цӕмӕй баууӕндой, Ды кӕй рарвыстай Мӕн». Йесо кувы хъӕрӕй, цӕмӕй адӕм зоной, ныртӕккӕ цы диссаг сараздзӕн, уымӕн ын тых йӕ Фыд кӕй дӕтты. Уый фӕстӕ хъӕрӕй дзуры: «Лазӕр! ӕддӕмӕ рацу».
Ӕмӕ Лазӕр рацыд. Йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ тыхт сты мардӕвӕрӕн ӕмбӕрзӕнӕй, йӕ цӕсгом та баст у кӕлмӕрзӕнӕй. «Райхалут ӕй, уадз цӕуӕд»,— дзуры Йесо.
Уыцы диссаг фенгӕйӕ, Мариа ӕмӕ Марфӕйы бафидар кӕнынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы иудейтӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Иннӕтӕ та ацыдысты, цӕмӕй, цы ’рцыд, уый фарисейтӕн фехъусын кӕной. Уыцы тӕккӕ фарисейтӕ ӕмӕ хистӕр сауджынтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрионы, иудейаг сӕйраг тӕрхондоны, уӕнгты.
Синедрионы уӕнгтӕ сты: хистӕр сауджын (ныртӕккӕ уыцы бынат ахсы Кайафӕ), фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ раздӕры хистӕр сауджынтӕ дӕр. Уыдон дзурынц: «Цы бакӕнӕм мах? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ кӕны; афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд иуылдӕр баууӕнддзысты Ууыл,— ӕмӕ Ромӕгтӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ нӕ бӕстыхӕйттӕ, ӕмӕ нӕ адӕмы сӕхи бакӕндзысты».
Кӕд дины разамонджытӕ, Йесо «бирӕ диссӕгтӕ» кӕй аразы, ууыл сӕттынц, уӕддӕр хъуыды кӕнынц ӕрмӕстдӕр сӕ бынӕттыл ӕмӕ сӕ кадыл. Лазӕр кӕй райгас, уый иуыл зындӕр та саддукейтӕн у, уымӕн ӕмӕ сӕ райгасдзинад нӕ уырны.
Кайафӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, саддукейтӕй у, ӕмӕ ныр ныхас йӕхимӕ райста: «Сымах ницы зонут, ӕмӕ нӕ хъуыды кӕнут, махӕн кӕй у хуыздӕр, адӕм иуылдӕр фесӕфыны бӕсты, фӕлтау иу адӕймаг цӕмӕй адӕмы тыххӕй амӕла»,— дзуры уый.
Кайафӕйы Хуыцау сразӕнгард кодта уыцы ныхӕстӕ зӕгъынмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр апостол Иоанн фыста: «Уыдон та уый йӕхицӕй нӕ загъта». Кайафӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ Йесойы амарын хъӕуы, цӕмӕй сӕ се стыр бынӕттӕй хауӕггаг ма фӕкӕна ӕмӕ сын адӕмы ’хсӕн се ’гад хъуыддӕгтӕ мауал ӕргом кӕна. Фӕлӕ Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ, «[Кайафӕ]... рагзагъд кодта, Йесо кӕй амӕлдзӕн... ӕрмӕст адӕмы тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы хӕлиугонд сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕна иумӕ». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй йӕ Фырт ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау амӕла.
Ныр Кайафӕйы къухы бафтыд синедрионы уӕнгты Йесойы амарыныл сразы кӕнын. Фӕлӕ уыцы хабар Йесойӕн, ӕвӕццӕгӕн, синедрионы уӕнг, хорз ахаст ӕм чи дары, уыцы Никодим фехъусын кодта ӕмӕ Йесо уырдыгӕй ацыд. Иоанны 11:38—54.
▪ Лазӕры райгас кӕныны размӕ Йесо адӕмы ’хсӕн хъӕрӕй цӕмӕн скуывта?
▪ Лазӕр кӕй райгас, уый адӕмыл куыд бандӕвта?
▪ Куыд рабӕрӕг синедрионы уӕнгты фыдзӕрдӕдзинад?
▪ Кайафӕмӕ цы фӕнд ис, фӕлӕ дзы Хуыцау пехуымпарад срагзагъд кӕнынӕн куыд спайда кодта?