Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 5 ур., 8–9 фф.
  • Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕрдзысты дзӕнӕты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕрдзысты дзӕнӕты
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Ӕнхъӕлмӕ дӕм кӕсы амондджын фидӕн!
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 5 ур., 8–9 фф.

5 УРОК

Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕрдзысты дзӕнӕты

Дзӕнӕт абоны дунейы хуызӕн нӕ уыдзӕн. Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл уыдаид зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъыгдзинад, рис ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Фидӕны Хуыцау зӕххыл скӕндзӕн дзӕнӕт. Цымӕ Дзӕнӕт цыхуызӕн уыдзӕн? Цӕй ӕркӕсӕм, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ.

Адӕм дзӕнӕты улӕфынц

Хорз адӕм. Дзӕнӕт уыдзӕн Хуыцауы хӕлӕртты хӕдзар. Уыдон сӕ кӕрӕдзийӕн кӕндзысты ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ. Уыдон цӕудзысты Хуыцауы рӕстаг фӕндӕгтыл (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:21).

Бирӕ хӕринаг. Дзӕнӕты ӕххормаг ничи уыдзӕн. Библи дзуры: «Уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад [кӕнӕ бирӕ хӕринаг] зӕххыл» (Псалом 71:16).

Дзӕнӕты адӕм хӕдзӕрттӕ аразынц, иннӕтӕ тыллӕг ӕмбырд кӕнынц, чызг йӕ мады хъӕбысы бады

Хорз хӕдзӕрттӕ ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст. Дзӕнӕтон зӕххыл алы бинонтӕн дӕр уыдзӕн сӕхи хӕдзар. Алкӕмӕндӕр уыдзӕн, циндзинад ын чи хӕсса, ахӕм куыст (Исай 65:21—23).

Ӕгас зӕххыл сабырдзинад. Адӕм кӕрӕдзиимӕ нал хӕцдзысты ӕмӕ хӕстыты нал мӕлдзысты. Хуыцауы Ныхас дзуры: «[Хуыцау] банцайын кодта хӕстытӕ» (Псалом 45:9, 10, СПб).

Ӕнӕниздзинад. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «[Дзӕнӕты] цӕрджытӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Уымӕй уӕлдай ма нал уыдзӕн къуылыхтӕ, куырмытӕ, къуырматӕ ӕмӕ гобитӕ дӕр (Исай 35:5, 6).

Нал уыдзӕн низтӕ, цӕстысыг ӕмӕ мӕлӕт. Хуыцауы Ныхасы дзырдӕуы: «Мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).

Фесӕфдзысты ӕвзӕр адӕм. Иегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Закъонхалджытӕ зӕххӕй фесӕфдзысты ӕмӕ мӕнгардтӕ куынӕг ӕрцӕудзысты уырдыгӕй» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:22).

Адӕм сӕ кӕрӕдзийы уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕндзысты. Нал уыдзӕн ӕнӕрӕстдзинад ӕмӕ ӕфхӕрд, адӕм зыд нал кӕндзысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзысты. Иууылдӕр цӕрдзысты хӕларӕй ӕмӕ цӕудзысты Хуыцауы рӕстаг фӕндӕгтыл (Исай 26:9).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын