2 ХАЙ
«Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад»
Абоны дунейы рӕстдзинад нал ис, ӕмӕ уый бирӕтӕ Хуыцауы аххос кӕнынц. Фӕлӕ Библийы ис, удӕнцой нын чи хӕссы, ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад» (Псалом 37:28). Ацы хайӕ базондзыстӕм, Хуыцау рӕстдзинад кӕй уарзы ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕнустӕм кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй.