19 СӔР
Чырысти раргом кодта фидӕны хабӕрттӕ
Чырысти ранымадта, цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уыцы хабӕрттӕ
ЧЫРЫСТИ йӕ цыппар апостолимӕ Оливӕбӕлӕсты хохӕй Иерусалиммӕ ӕмӕ кувӕндонмӕ куы касти, уӕд ӕй йӕ апостолтӕ бафарстой, йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты, уымӕй. Уый хӕдразмӕ сын Йесо загъта, кувӕндонӕй дур дурыл кӕй нал баззайдзӕн. Гыццыл раздӕр та сын дзырдта «ацы цардӕвӕрды кӕроны» тыххӕй (Матфейы 13:40, 49). Уымӕ гӕсгӕ йӕ бафарстой: «Кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?» (Матфейы 24:3).
Чырысти сын ранымадта, Иерусалим пырхгонд куы ’рцӕуа, уый размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдон. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст уӕды рӕстӕгмӕ нӕ хаудысты. Уыцы хабӕрттӕ ма хъуамӕ фӕстӕдӕр сӕххӕст уыдаиккой ӕгас дунейы дӕр. Уыдӕттӕ фенгӕйӕ адӕм хъуамӕ бамбӕрстаиккой, Чырысти уӕлӕрвты паддзах кӕй сси, уый. Ӕндӕр дзырдӕй, уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдаид, Йегъовӕ Хуыцау паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадын кодта Йесойы, зӕрдӕ цы Ирвӕзынгӕнӕгӕй бавӕрдта, уый. Стӕй уыцы хабӕрттӕ хъуамӕ ууыл дзурӕг уыдаиккой, тагъд йӕ Паддзахад ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл сабыр цард кӕй ӕрӕвӕрдзӕн. Чырыстийы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын куы райдыдтаиккой, уӕд бӕрӕг уыдаид, ацы зӕронд дунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ кӕй ралӕууыдысты. Кӕрон ӕрцӕудзӕн динтӕ, политикӕ ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ног дуне.
Чырысти загъта, уӕлӕрвты Паддзах куы суа, уӕд зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй: иу адӕмыхатт иннӕимӕ хӕцдзӕн, уыдзӕн ӕххормагдзинад, стыр зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ бирӕ алыхуызон хӕцгӕ низтӕ. Фыдхъуыддӕгтӕ сарӕх уыдзысты. Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕндзысты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ уыдзӕн, чи никуыма уыди, ахӕм «стыр бӕллӕх» (Матфейы 24:21).
Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куыд хъуамӕ базыдтаиккой, уыцы стыр бӕллӕх хӕстӕг кӕй у? «Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас»,– загъта Йесо (Матфейы 24:32). Легъуибӕлас сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонӕм, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис. Афтӕ, Йесо цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдон иууылдӕр иу рӕстӕг куы цӕуой, уӕд уый дӕр ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ кӕрон хӕстӕг у. Иу адӕймаг дӕр нӕ зоны, стыр бӕллӕх цы бон ӕмӕ цы сахат райдайдзӕн, уый. Ӕрмӕстдӕр ӕй Йегъовӕ зоны. Уымӕ гӕсгӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста: «Ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Марчы 13:33).