Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lff 48 ур.
  • Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар
  • Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФЫЛДӔР БАЗОН
  • ЦЫ БАЗЫДТАЙ
  • ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
  • Хорз ӕмбӕлттӕ куыд ссарӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Ацы уазал дунейы нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын кӕуыл хъӕуы, ахӕм киноныв
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
lff 48 ур.
48 урок. Цыппар ӕмбалы сӕ къам исынц.

48 УРОК

Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар

Мыхуыргонд публикаци
Мыхуыргонд публикаци
Мыхуыргонд публикаци

Хорз ӕмбӕлттӕ нын нӕ циныл фӕцин кӕнынц, зын рӕстӕджыты та нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, алчи хорз ӕмбал кӕй нӕ уыдзӕн. Дӕ бон куыд у хорз ӕмбӕлттӕ ’взарын? Ахъуыды кӕн, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

1. Де ’мбӕлттӕ дыл куыд фӕзындзысты?

Адӕймаг йӕ рӕстӕг кӕимӕ фервиты, уыдоны хуызӕн свӕййы. Уыдон ыл йе хорзырдӕм фӕзынынц, йе та – ӕвзӕрырдӕм. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, йӕ рӕстӕг семӕ ӕнӕуи фервиты ӕви интернеты уылты. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ [Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдонимӕ] чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕмбӕлттӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕввахс уай ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссай. Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдон та дӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕ адард кӕной. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Библи нын афтӕ кӕй зӕгъы, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг уӕм. Не ’мбӕлттӕ Хуыцауы куы уарзой, уӕд уый пайда уыдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр. Нӕ бон уыдзӕн «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнын» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11).

2. Цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Йегъовӕ йӕхицӕн хӕлӕрттӕ лӕмбынӕг ӕвзары. «Рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон... сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсид, чи йӕ нӕ уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ куы ’взариккам, уымӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йын тынг зын уаид. (Бакӕс Иаковы 4:4.) Фӕлӕ нӕ цӕмӕй Йегъовӕ райгонд уа ӕмӕ нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕвзӕр адӕмимӕ ма лымӕн кӕнӕм. Стӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ ’ввахс кӕнӕм ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдоныл нӕхи бӕттӕм (Псалом 15:1–4).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, хорз ӕмбӕлттӕ дын уа, уый ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ дӕ бон куыд у ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕвзарын.

3. Дӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй хиз

Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи нӕ уарзы, уыцы адӕм нын хорз ӕмбӕлттӕ нӕ уыдзысты. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

ВИДЕОРОЛИК: «Дӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй хиз» (6:17)

  • Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕмӕй ӕвзӕр адӕмимӕ лымӕн кӕнын райдайӕм?

Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 15:33 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ӕвзӕр ӕмбал цавӕр адӕймаджы схонис? Цӕмӕн?

Бакӕсут Псалом 119:63 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ дӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарай?

Фӕткъуытӕ къусы. Ӕмбыд фӕткъуыйыл бындзытӕ ӕмбырд кӕнынц; йемӕ цы фӕткъуытӕ ис, уыдон дӕр ӕмбийын райдыдтой.

Иу ӕмбыд фӕткъуы иннӕтӕ дӕр бамбийын кӕны. Иунӕг ӕвзӕр ӕмбал дӕр дыл, гӕнӕн ис, куыд бандава?

4. Дӕ бон у ӕмбӕлттӕ ссарын, дӕу хуызӕн чи нӕу, уыдоны ’хсӕн дӕр

Библийы фыст ис Давид ӕмӕ Ионафаны тыххӕй, цардысты рагон Израилы. Ионафан Давидӕй бирӕ хистӕр уыд, стӕй уыд паддзахы фырт. Фӕлӕ тынг ӕнувыд ӕмбӕлттӕ уыдысты. Бакӕсут 1 Самуилы 18:1 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ӕнӕмӕнг цӕуылнӕ у, цӕмӕй не ’мбӕлттӕ иууылдӕр нӕхи карӕн уой ӕмӕ, ӕхсӕнады мах цы бынат ахсӕм, ахӕм бынат ахсой?

Бакӕсут Ромӕгтӕм 1:11, 12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕн сӕ бон куыд у кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын?

Ацы видеороликы фендзынӕ, иу ӕрыгон ӕфсымӕр йӕхицӕн ӕмбал куыд ссардта, ӕнхъӕл кӕм нӕ уыд, уым. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

ВИДЕОРОЛИК: «Ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст не ’мгӕртты ’хсӕн ссарӕн нӕй» (5:06)

  • Акилы ныййарджытӕн сӕ зӕрдӕ цӕмӕн ӕхсайдта, скъолайы йын цы ’мбӕлттӕ уыд, уыдонмӕ?

  • Йе ’мбӕлттӕ фыццаг йӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цыдысты?

  • Акил хорз ӕмбал куыд ссардта?

5. Адӕм хорз ӕмбӕлттӕ цӕй фӕрцы свӕййынц?

Базон, дӕ бон куыд у хорз ӕмбӕлттӕ ссарын ӕмӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр хорз ӕмбал уай. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

ВИДЕОРОЛИК: «Ӕцӕг ӕмбал кӕй ис схонӕн?» (4:14)

Къам видеороликӕй «Ӕцӕг ӕмбал кӕй ис схонӕн?». Ӕрыгон чызг йе ’мбӕлттимӕ; сты алы кары, алыхуызон расӕтӕй ӕмӕ сӕм ис алыхуызон курдиӕттӕ.

Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 18:24 ӕмӕ 27:17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хорз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийӕн куыд феххуыс кӕнынц?

  • Ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ дын ис? Кӕд нӕ, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына?

Бакӕсут Филиппӕгтӕм 2:4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цӕмӕй дын хорз ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ дӕхӕдӕг хорз ӕмбал уай. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз ӕмбал уай?

Нывтӕ: ӕрыгон сылгоймаг ныхас кӕны йе ’ртӕ ӕмбалимӕ. 1. Иуимӕ дзы телефонӕй ныхас кӕны. 2. Хистӕр дзы чи у, уыимӕ ныхас кӕны Паддзахады залы. 3. Маст чи кӕны, уый та бабӕрӕг кодта.

Цӕмӕй дын хорз ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ хорз ӕмбал уай

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Адӕймаджы куы нӕ фӕнда, уӕд ӕй ничи фехалдзӕн».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн, стӕй уый пайда уыдзӕн нӕхицӕн дӕр.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсы?

  • Нӕхи цавӕр ӕмбӕлттӕй хъуамӕ хизӕм?

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ фӕзына?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, зындзинӕдты рӕстӕг нын хорз ӕмбӕлттӕ куыд баххуыс кӕнынц.

«Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕн» (2019 азы ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына?

«Хорз ӕмбӕлттӕ ссарӕн куыд ис?» («Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ», 1 том, 8 сӕр, уырыссаг)

Интернеты уылты искӕимӕ лымӕн кӕныны тыххӕй цы хъуамӕ зонай?

«Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау» (4:12)

Бакӕс иу нӕлгоймаджы царды хабар, «Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мын фыд уыдаид», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, йӕхицӕн ӕндӕр ӕмбӕлттӕ цӕмӕн равзӕрста.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын