Адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн
1 Ӕппӕт зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕуы ахсджиаг хабар: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад, уымӕн ӕмӕ райдыдта Йӕ тӕрхоны сахат; ӕмӕ бакувут арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ денджыз, ӕмӕ доны гуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгӕн» (Рар. 14:6, 7). Уыцы хабар хъусын кӕнын мах нымайӕм стыр кадыл. Адӕм Иегъовӕйы тыххӕй цы хъуамӕ зоной, цӕмӕй дзы тӕрсой ӕмӕ йын кувой?
2 Йӕ ном. Адӕм хъуамӕ зоной иунӕг ӕцӕг Хуыцауы ном, цӕмӕй йӕ ма хӕццӕ кӕной, абон адӕм цы бирӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынц, уыдонимӕ (Дык. з. 4:35; 1 Кор. 8:5, 6). Библи чи фыста, уыдон Хуыцауы стыр номӕй спайда кодтой 7 000 хаттӕй фылдӕр. Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Хуыцауы номы тыххӕй кӕд хъӕуы ӕмӕ кӕд нӕ хъӕуы дзурын, фӕлӕ йӕ хъуамӕ ма ӕмбӕхсӕм ӕмӕ ма тӕрсӕм йӕ дзурынӕй. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм иууылдӕр йӕ ном зоной (Пс. 82:19, МГТ).
3 Йӕ миниуджытӕ. Цӕмӕй адӕм Иегъовӕйы кадджын кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ зоной, цавӕр Хуыцау у, уый. Мах сын хъуамӕ радзурӕм йӕ диссаджы уарзондзинады тыххӕй, йӕ ӕвӕджиауы зонд, йӕ ӕххӕст рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ӕгӕрон тыхы тыххӕй, уыимӕ ма йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ иннӕ хорз миниуджыты тыххӕй (Рац. 34:6, 7). Уыдон ма хъуамӕ базоной, цы у Хуыцауы тас, цы нысан кӕны уымӕй аргъуыц кӕнын, ӕмӕ хъуамӕ бамбарой, сӕ цард Иегъовӕйы хорзӕхӕй кӕнгӕ кӕй у, уый (Пс. 88:8, МГТ).
4 Куыд ис Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕн. Хуыцауы ӕрхӕстӕггӕнӕг тӕрхоны удӕгасӕй баззайынӕн адӕм хъуамӕ Иегъовӕйыл баууӕндой ӕмӕ йын йӕ ном арой (Ром. 10:13, 14, НФ; 2 Фес. 1:8). Уый Хуыцауы ном ӕмӕ миниуджытӕ зонынӕй фылдӕр нысан кӕны. Мах хъуамӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ скӕной ӕмӕ йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндой (Ӕмб. 3:5, 6). Цы базоной, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрой, Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы кувой ӕмӕ йын йе ’ххуыс куы хатой, уӕд сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты (Пс. 33:9).
5 Уӕдӕ Хуыцауы ном зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндой ӕмӕ дзы тӕрсой. Ныр ма нӕ бон у бирӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын Иегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ сӕ «ирвӕзыны Хуыцауы» кадджын кӕнынӕн (Пс. 24:5).