Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/03 1 ф.
  • «Ӕрттивут... стъалытау»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕрттивут... стъалытау»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Стъалытау чи ӕрттивы, уыцы фӕсивӕд
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • «Ӕрттивӕд уӕ рухс»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Уӕ рухс адӕммӕ кӕлӕд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссат!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • «Уӕ рухс... кӕлӕд»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 4/03 1 ф.

«Ӕрттивут... стъалытау»

1 Ацы дуне ис талынджы куыд монон ӕгъдауӕй, афтӕ уагахастӕй дӕр. Фӕлӕ мах, ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ — 234 бӕстӕйы иу-ӕхсӕз милуан адӕймаджы — уыцы талынджы «ӕрттивӕм... стъалытау» (Фил. 2:15, НФ). Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ иннӕтӕй хицӕн кӕнӕм. Иегъовӕйӕ цы ӕвӕджиауы рухс цӕуы, уый нӕ бон куыд у айдӕнау тӕмӕн калын? (2 Кор. 3:18).

2 Нӕ хъуыддӕгтӕй. Адӕм нын нӕ хорз уагахаст уайтагъд бафиппайынц (1 Пет. 2:12). Иу сылгоймаг бафиппайдта, йе ’мкусӕг, Ӕвдисӕн, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ лӕггадгӕнаг кӕй у, ӕмӕ ӕнӕфсарм дзыхӕй кӕй нӕ дзуры, ӕнӕгъдау хъазӕн ныхӕстыл кӕй нӕ худы. Иннӕтӕ-иу йӕ цуры барӕй ӕнӕфсарм дзыхӕй куы дзырдтой, уӕддӕр-иу йӕхи дардта сабыр ӕмӕ-иу фидарӕй хӕцыд, раст цы у, ууыл. Йӕ уагахаст уыцы сылгоймагыл куыд бандӕвта? Уый дзуры: «Уыцы нӕлгоймаджы уагахаст мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕм Библийӕ фарстатӕ дӕттын райдыдтон. Ӕз Библи ахуыр кӕнын райдыдтон ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райстон». Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта: «Растдӕр мӕ йӕ уагахаст сразӕнгард кодта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин базонынмӕ».

3 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицӕуттӕм цавӕр ахаст дарынц, дунейы хӕлд ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсынц, стӕй ма ӕгъдауджын ныхас кӕй кӕнынц, уый фӕрцы сӕ иннӕтӕ зонынц, Библийы хӕрзӕгъдауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕмӕй. Ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ кадджын кӕнынц Иегъовӕйы ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр бафӕнды уымӕн кувын.

4 Нӕ ныхӕстӕй. Нӕ хорз уагахаст нын чи уыны, уыдон гӕнӕн ис ма зоной, иннӕтӕй цӕмӕн хицӕн кӕнӕм, нӕ дины тыххӕй семӕ куы нӕ дзурӕм, уӕд. Куысты кӕнӕ дӕ скъолайы зонынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый? Ныхасгӕнгӕйӕ, фадат агурыс ӕцӕгадыл аныхас кӕнынӕн? Зӕрдӕбынӕй архайыс, цӕмӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ «дӕ рухс адӕмы раз» ӕрттива? (Матф. 5:14—16).

5 Нӕ хӕс у адӕмӕн рухс хӕссын, ӕмӕ уый ӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы удуӕлдайӕ архайын. Иегъовӕйӕн нӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы фӕнда лӕггад кӕнын, уӕд афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл нӕ рӕстӕг нӕ хардз кӕндзыстӕм, фӕлӕ нӕ бон цас у, уыйас архайдзыстӕм хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куысты, уымӕн ӕмӕ ууыл баст у адӕмы цард (2 Кор. 12:15).

6 Цӕй уӕдӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй дарддӕр дӕр стъалытау ӕрттивӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд, чи зоны, иннӕты дӕр бафӕнда немӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын