Дӕ бон у де ’ххуысы къух бадарын?
1 Иегъовӕ ӕппынӕдзух йӕ хъус дары йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм, кӕм сӕм хъӕуы йе ’ххуысы къух бадарын (2 Пар. 16:9; Ис. 41:10, 13). Исай Иегъовӕйы абарста фӕлмӕнзӕрдӕ фыййауимӕ: «Уӕрыччыты исдзӕн йӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ йӕ тары хӕсдзӕн. Ногзӕддаг фысты сындӕг скъӕрдзӕн» (Ис. 40:11). Ӕркӕсӕм, цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон Иегъовӕйау иннӕтыл ӕнувыдӕй аудын.
2 Ӕххуыс кӕн ногтӕн. Не ’ххуысы къух нӕ бон бадарын у ногтӕм, немӕ-иу сӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынмӕ куы хонӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куы ӕфтауӕм (Ӕмб. 13:20). Иу ӕфсымӕр, ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдта, уӕд ын иннӕтӕ куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй зӕгъы: «Иу бинонтӕ мӕ цалдӕр хатты фӕхуыдтой сӕхимӕ, Библи-иу иумӕ куы ахуыр кодтой, уӕд. Ӕцӕгады фӕндагыл размӕ цӕуын куы райдыдтон, уӕд та-иу мӕ, пионертӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕрыгон бинонтӕ семӕ уацамынды акодтой. Ӕнӕхъӕн бон-иу фӕлӕггад кодтам. Куыд хорз-иу уыд — фӕныхӕстӕ-иу кодтам Хуыцауы хъуыддӕгтыл, Библийыл». Уыцы ӕфсымӕр ма загъта: «Цалынмӕ чырыстон не сдӕн, уӕдмӕ-иу майрӕмбон ӕмӕ сабаты ӕмбисӕхсӕвтӕм мӕ рӕстӕг искуыты хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстон. Фӕлӕ стӕй ӕфсымӕртимӕ куы базонгӕ дӕн, уӕд мӕ уыдӕттӕ нал хъуыдысты». Ӕмбырд ыл афтӕ кӕй тыхст, уый фӕрцы ӕцӕгады уидӕгтӕ ауагъта ӕмӕ ныр лӕггад кӕны Вефилы (Кол. 2:6, 7).
3 Кӕрӕдзийы хорзыл аразӕм. Не ’ххуысы къух бадарын ма фӕхъӕуы, не ’фсымӕртӕй исчи тыхст уавӕры куы вӕййы, уӕд. Хорз нӕ уаид, нӕфӕразгӕ чи у, уыцы хъусынгӕнӕгимӕ телефонӕй хъусын кӕнын кӕнӕ йӕ Библийы ахуырмӕ демӕ акӕнын? Чи зоны афтӕ гӕнӕн дӕр уа, ӕмӕ кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый йӕм хӕдзармӕ ӕрбакӕнай. Гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм ныййарӕджы, мыййаг, уацамынды ӕххуыс нӕ хъӕуы? Кӕнӕ уе ’мбырды ахӕм хъусынгӕнджытӕ ис, ӕмӕ сын адӕймагмӕ дыккаг-ӕртыккаг хатт бацӕуын кӕнӕ ӕндӕр кӕмдӕр хъусын кӕнын зын у ӕмӕ сӕ хъӕуы уе ’ххуыс? Не ’фсымӕртыл зӕрдӕйӕ куы тыхсӕм, уӕд агурдзыстӕм, хорзыл сӕ куыд аразӕм, уый фадӕттӕ (Ром. 14:19, НФ).
4 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд ӕнувыдӕй ауды, уый куы фӕзмӕм, уӕд кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаудзыстӕм, ӕмбырд ӕнгомдӕр кӕндзӕн ӕмӕ кад хӕсдзыстӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн (Еф. 4:16).