Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурӕм
1 Ацы уӕззау фӕстаг бонты бирӕты ныфс ницӕмӕйуал ис (Еф. 2:12). Иннӕтӕ та рӕдийынц, сӕ ныфс кӕй дарынц хъӕздыгдзинадыл, хицауадыл, наукӕйыл ӕмӕ ӕндӕр цӕуылдӕртыл. Куыд амондджын стӕм, фидӕнӕй нӕ ӕцӕг ныфс кӕй ис – уыцы ныфс махӕн у «науӕнгуыры хуызӕн, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзут. 6:19).
2 Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты (Ап. хъ. 24:15). Мӕгуырдзинад, хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ низтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, адӕм нал зӕронд кӕндзысты ӕмӕ нал мӕлдзысты (Пс. 9:18; Матф. 12:20, 21; Рарг. 21:3, 4). Адон сты, тагъд Йегъовӕ цы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕндзӕн, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Ды та тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
3 Хъусын кӕнӕм хорз хабар. Мах хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады хабар адӕмӕй ма ӕмбӕхсӕм. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны Йесойау «мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнынмӕ... цӕмӕй, уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, уый тыххӕй сын дзурӕм; цӕмӕй зӕрдӕсаст адӕм суӕгъд уой» (Лук. 4:18). Апостол Павел хорз хабар хъусын кодта базарты ӕмӕ, адӕмыл кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлыд, уым. Йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта уыцы хъуыддагмӕ (Ап. хъ. 18:5). Мах дӕр Павелау зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ уый бахиздзӕн, цӕмӕй «царды сагъӕстыл ма суӕм, хъӕздыгдзинад нӕ йӕ фӕдыл ма асайа» ӕмӕ нӕ ныфс ма фесӕфа (Марчы 4:19).
4 Арӕх сӕмбӕлӕм, хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы кӕнӕ нӕм ӕнӕбары чи байхъусы, йе та нӕ ныхмӕ чи у, ахӕм адӕмыл, фӕлӕ уӕддӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты. Мах «нӕ ныфсы тыххӕй дарддӕр дӕр ӕргом ӕмӕ фидарӕй дзурӕм» (Дзут. 10:23). «Хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнӕм» (Ром. 1:16). Фидар ӕмӕ фӕразонӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕм чи зоны, ӕппынфӕстаг, исчи байхъуса.
5 Кӕд адӕмы хъус ӕрдарӕм, ацы дунейы уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕ, уӕддӕр сӕфты хабар нӕ хъусын кӕнӕм. Уый бӕсты хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Уӕдӕ уыцы хорз хабар уӕндонӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй дзурӕм ӕмӕ нын «цы ныфс ис, ууыл кӕронмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм» (Дзут. 6:11).