Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/10 1 ф.
  • Цымӕ мӕ бон суыдзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цымӕ мӕ бон суыдзӕн?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Алцӕмӕй дӕр цӕттӕ стӕм Хуыцауы Ныхас амонынмӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм!
    Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • «Йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Хорз хабар чи хъусын кӕны?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 1/10 1 ф.

Цымӕ мӕ бон суыдзӕн?

1. Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ бон хъусын кӕнын не суыдзӕн?

1 Кӕд ды дӕр искуы дызӕрдыг кодтай, дӕ бон хъусын кӕнын суыдзӕн ӕви нӕ, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Уыцы курдиат йӕ мады гуыбынӕй ничи рахӕссы, стӕй ахуырдзинадӕй аразгӕ дӕр нӕу. Фыццаг чырыстӕттӕй дӕр афтӕ дзырдтой, «ахуырдзинад [сӕм] кӕй нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй сты». Фӕлӕ уӕддӕр ӕнтыстджынӕй хъусын кодтой хорз хабар, уымӕн ӕмӕ фӕзмыдтой Чырыстийы (Ап. хъ. 4:13; 1 Пет. 2:21).

2. Чырысти адӕмы куыд ахуыр кодта?

2 Чырысти адӕмы куыд ахуыр кодта? Йесо амыдта хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй ӕмӕ дзырдта, адӕм хорз кӕй зыдтой, уыцы хабӕрттыл. Цы фарстатӕ лӕвӕрдта, цы фӕсномыг ныхӕстӕ хаста ӕмӕ-иу йӕ ныхас хуымӕтӕгӕй кӕй райдыдта, уый фӕрцы йӕм адӕм хъусынӕй не ’фсӕстысты (Матф. 6:26). Чырысти адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсти (Матф. 14:14). Уымӕй уӕлдай дзырдта ныфсджынӕй ӕмӕ йӕ ныхасы уыд уӕз, уымӕн ӕмӕ зыдта, уыцы хъуыддаг ын Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта ӕмӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕна (Лук. 4:18).

3. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм?

3 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны. Йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты нӕ Хуыцау ахуыр кӕны, цӕмӕй хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм (Ис. 54:13). Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй базонӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, ууыл. Уый руаджы йӕ нӕ бон у уыцы хъуыддаджы бафӕзмын. Стӕй нын Йегъовӕ дӕтты йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ нӕ ӕмбырды ахуыр кӕны (Иоан. 14:26). Уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны, хъусын кӕнынмӕ хорз чи арӕхсы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты.

4. Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн?

4 Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ бон хъусын кӕнын нӕ бауыдзӕн. «Хуыцауы фӕрцы» нын алцыдӕр бантысдзӕн (2 Кор. 3:5). Нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ нын цы ’ххуыс дӕтты, уымӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд «алцыдӕр ӕмбардзыстӕм ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдзыстӕм» (2 Тим. 3:17).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын