Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/10 1 ф.
  • Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт у?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ цӕст хуымӕтӕг уӕд
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы кадджын кӕнӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Иубонон конгрессы программӕ фӕлхат кӕныны ӕрмӕг
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • «Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт». Ацы закъон цӕуыл дзурӕг у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 6/10 1 ф.

Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт у?

1. «Цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт» уа, уый цы нысан кӕны?

1 Адӕймаг цӕмӕ фӕкӕсы, тырнгӕ дӕр уымӕ фӕкӕны. Чырысти дӕр уый кой кодта, афтӕ куы загъта, «дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн рухс», зӕгъгӕ (Матф. 6:22). Цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт уа, уый нысан кӕны Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Мах Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты кӕй сӕвӕрдтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕнӕмӕнг чи нӕ хъӕуы, уыцы дзауматӕ балхӕнынмӕ нӕ бӕллӕм, стӕй нын нӕ лӕггад чи ныкъкъуылымпы кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгты дӕр нӕ архайӕм.

2. Нӕ зондахастыл цы фӕзыны, фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн?

2 Нӕ зӕрдӕмӕ-иу ныккӕсӕм. Рекламӕмӕ куы бакӕсӕм, кӕнӕ иннӕтӕм исты дзаума куы фенӕм, уӕд, чи зоны, мах дӕр ахӕм дзаума ӕрхъӕуы. Кӕд, цӕмӕ тырнӕм кӕнӕ цы ’лхӕнынмӕ хъавӕм, уый нын бирӕ рӕстӕг, ӕхца кӕнӕ хъарутӕ байсдзӕн, уӕд уал хуыздӕр уаид ахъуыды кӕнын: «Уый мын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс фӕуыдзӕн ӕви къуылымпыйы хос?» (Лук. 14:28; Фил. 1:9–11). Стӕй-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ бон куыд у нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм (2 Кор. 13:5; Еф. 5:10).

3. Иу хо йӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

3 Иу хо пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд куыста ӕнӕхъӕн бон. Цӕмӕй йӕхи фӕдардтаид, уый тыххӕй йӕ бон уыд ӕрдӕг бон дӕр кусын, фӕлӕ уӕддӕр йӕ куыст нӕ ныууагъта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд: «Дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнӕн нӕй. Мӕхи цӕмӕйдӕрты хъуамӕ фӕцух кодтаин ӕмӕ мӕ царды ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уымӕй фылдӕр мацӕмӕ бӕллыдаин. Бамбӕрстон ӕй: дзаума кӕнӕ зӕронд бавӕййы, кӕнӕ та адӕймаджы нал фӕхъӕуы, ӕмӕ адӕймаг цас тынгдӕр фӕархайы, цӕмӕй йӕ къухы бафта, уыйас тынгдӕр бафӕллайы». Ӕппынфӕстаг уыцы хо йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ йӕ куыст фӕивта, цӕмӕй дарддӕр пионерӕй лӕггад кодтаид.

4. Абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт уа?

4 Рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ абон уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт уа. Алы бон дӕр хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнӕм ацы дунейы кӕронмӕ ӕмӕ Хуыцауы ног дунемӕ (1 Кор. 7:29, 31). Царды нын ӕппӕты сӕйрагдӕр хъусын кӕныны хъуыддаг куы уа, уӕд нӕхи дӕр ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм (1 Тим. 4:16).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын