Цы нӕ разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ?
1. Хъусын кӕнынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?
1 Абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй. Ацы хъуыддаджы лӕуд кӕй стӕм, уымӕй бӕрӕг у, дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты кӕй ӕххӕст кӕнӕм – Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы уарзӕм (Мар. 12:29–31). Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм (1 Иоан. 5:3).
2. Кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд зыны, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм?
2 Йегъовӕйы уарзӕм. Нӕ хуыздӕр Хӕлар, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын йӕ ном кадджын кӕнӕм. 6 000 азы дӕргъы йын Сайтан йӕ номыл цъыф калы (2 Кор. 4:3, 4). Уый адӕмы баууӕндын кодта, Хуыцау тӕригъӕдджын адӕмы зындоны арты кӕй судзы, Троицӕ кӕй у ӕмӕ адӕмыл кӕй нӕ тыхсы. Бирӕты та уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, Хуыцау кӕй ис. Куыд тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм базоной, нӕ уӕларвон Фыд ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый! Адӕмӕн зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм, Сайтанӕн та йӕ пълӕнттӕ халӕм (Ӕмб. 27:11; Дзут. 13:15, 16).
3. Кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, адӕмы кӕй уарзӕм?
3 Адӕмы уарзӕм. Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй фӕдзурӕм, уымӕй равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм. Ацы уӕззау бонты адӕмы ӕнӕмӕнг хъӕуы хорз хабар фехъусын. Бирӕтӕ сты, Ионӕйы рӕстӕджы Ниневийы чи цард, уыцы адӕмы хуызӕн – «рахиз къух галиу къухӕй нӕ хицӕн кӕнынц» (Ионӕ 4:11). Кӕй сын хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы базонынц, цы аразын сӕ хъӕуы, цӕмӕй амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрой (Ис. 48:17–19). Уый фӕрцы сын фӕзыны ныфс (Ром. 15:4). Цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд «фервӕздзысты» (Ром. 10:13, 14).
4. Йегъовӕйӕ цы нӕ ферох уыдзӕн?
4 Хорз сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ фӕуарзынц, фӕлӕ алкӕддӕр. Мах дӕр, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынг кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм, уацамынды куы вӕййӕм, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр. Уӕдӕ ӕппынӕдзух хъусын кӕндзыстӕм (Хъуыд. 5:42). Ахӕм уарзондзинад Йегъовӕйӕ никуы ферох уыдзӕн (Дзут. 6:10).