Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 ноябрь 7 ф.
  • Уацамындон фембӕлды цӕуыл ис аныхас кӕнӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уацамындон фембӕлды цӕуыл ис аныхас кӕнӕн?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уацамындон фембӕлдтӕн сӕ нысан цы у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Уацамындон фембӕлдтӕ дын стыр ӕххуыс фӕуӕнт
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Уацамындон фембӕлдтӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 ноябрь 7 ф.
Нывтӕ: 1. Ӕфсымӕр йӕхи уацамындон фембӕлдмӕ цӕттӕ кӕны. Гыццыл нывтыл ӕвдыст цӕуынц буклеттӕ, ног хабӕрттӕ ӕмӕ, буклет райсыныл чи не сразы, ахӕм адӕймаг. 2. Уыцы ӕфсымӕр иннӕ бон уацамындон фембӕлд уадзы; йӕ къухы буклет ӕмӕ Библи

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уацамындон фембӕлды цӕуыл ис аныхас кӕнӕн?

Уацамындон фембӕлдтӕ дӕр нын иннӕ фембӕлдтау радта Йегъовӕ, «цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзт 10:24, 25). Уацамындон фембӕлд хъуамӕ 5–7 минутӕй фылдӕр ма цӕуа (ӕмбырды фӕстӕ куы уа, уӕд та хъуамӕ цӕуа ноджы къаддӕр). Фембӕлды рӕстӕг ма ӕфсымӕр фӕзӕгъы, чи кӕимӕ ацӕудзӕн, уый. Стӕй участоктӕ ратты ӕмӕ ӕфсымӕртӕй исчи Хуыцаумӕ скувы. Уацамындон фембӕлд чи уадзы, уый хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, хъусынгӕнджытӕн уыцы бон сӕ бон спайда кӕнын кӕмӕй уыдзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Зӕгъӕм, сабаты уацамындон фембӕлды арӕхдӕр вӕййы, фӕстаг хатт къуыри размӕ чи хъусын кодта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид аныхас кӕнын, уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис, ууыл. Дӕлдӕр фыст ис, уацамындон фембӕлды ма ноджыдӕр цӕуыл ис аныхас кӕнӕн, уый.

  • Адӕймагимӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уый фӕдыл нӕ «Кусӕн тетрад»-ы фӕстаг фарсыл цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй искӕцыйыл

  • Ӕрӕджы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй искӕцыйӕ ныхас райдайӕн куыд ис, ууыл

  • Адӕймаг нын куы зӕгъа, зӕгъӕм, «нӕ мӕ ’вдӕлы» кӕнӕ «мӕнӕн мӕхи дин ис», уӕд цы ис зӕгъӕн, ууыл

  • Атеистимӕ, эволюцийыл чи ӕууӕнды кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймагимӕ, йе та, уӕ территорийы парахат чи нӕу, ахӕм диныл хӕст адӕймагӕн цы ис зӕгъӕн, ууыл

  • Куыд ис сайтӕй jw.org кӕнӕ приложенийӕ JW Library® пайда кӕнӕн, ууыл

  • Иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй куыд ис пайда кӕнӕн, ууыл

  • Телефонӕй, писмоты фӕрцы кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм рӕтты хъусын кӕнӕн, йе та адӕмы ногӕй бӕрӕг кӕнӕн кӕнӕ Библийы ахуыртӕ уадзӕн куыд ис, ууыл

  • Тӕссаг уавӕртӕй хи хъахъхъӕнӕн кӕнӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ныхас фӕивӕн куыд ис, йе та уацамынды нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм кӕнӕ нӕ участоктӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, ууыл

  • Брошюрӕйӕ «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн» искӕцы урокыл кӕнӕ дзы цы видеороликтӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл

  • Уацамынды кӕимӕ уӕм, уымӕн арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн ӕмӕ дзы ныфс бауадзӕн куыд ис, ууыл

  • Уацамындмӕ чи хауы, ахӕм стихыл кӕнӕ, ныфс чи бауадздзӕн, ахӕм цауыл

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын