МА БАФЫНӔЙ УТ!
Уӕрӕсе Украинӕмӕ бабырста
2022 азы 24 февралы райсомӕй раджы Уӕрӕсейы ӕфсад Украинӕмӕ бабырста, кӕд бирӕ бӕстӕты хицауӕдтӕ тынг архайдтой, цӕмӕй хӕст ма райдыдтаид, уӕддӕр. Ацы хӕст дунейыл куыд фӕзындзӕн? Иугонд Нациты сӕйраг секретарь Антониу Гутерриш цалдӕр боны размӕ загъта: «Нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу, ацы хӕст адӕмӕн цас хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзӕн ӕмӕ Европӕйы, стӕй ӕгас дунейы ӕдасдзинадыл дӕр куыд фӕзындзӕн, уый».
Библимӕ гӕсгӕ, ахӕм хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты?
Йесо Чырысти загъта, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ «иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:7). Бакӕс статья «„Фӕстаг бонты“ нысан цы у?» ӕмӕ базон, Йесо хӕстыты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый куыд ӕххӕст кӕны.
Библийы Раргомады чиныджы хӕст ӕвдыст цӕуы «сырх-сырхид бӕхыл» чи бады, ахӕм барӕджы хуызы. Уымӕн «лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар» (Раргомад 6:4). Ацы пехуымпарад абон куыд ӕххӕст кӕны, уый базоныны тыххӕй бакӕс статья «Цыппар барӕджы чи сты?».
Пехуымпар Данел йӕ чиныджы ныффыста, «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «хуссайраг паддзах» кӕй быцӕу кӕндзысты, уый тыххӕй (Данел 11:25–45). Бакӕс видеороликмӕ «Данелы 11 сӕры фыст пехуымпарад куыд сӕххӕст» ӕмӕ базон, Уӕрӕсе ӕмӕ йӕ фарс цы бӕстӕтӕ сты, уыдоны «цӕгатаг паддзах» схонӕн цӕмӕн ис, уыйa.
Раргомады чиныджы ма фыст ис, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн», уыцы хӕсты тыххӕй дӕр (Раргомад 16:14, 16). Фӕлӕ уый абоны хӕсты хуызӕн нӕ уыдзӕн, ома адӕмтӕ адӕмты ныхмӕ нӕ хӕцдзысты. Цӕмӕй уыцы хӕсты тыххӕй фылдӕр базонай, уый тыххӕй бакӕс статья «Армагеддоны хӕст цы у?».
Хуыздӕр фидӕн кӕй уыдзӕн, уый нӕ цӕмӕ гӕсгӕ уырны?
Библийы фыст ис, Хуыцау хӕстытӕ кӕй бауромдзӕн «зӕххы кӕрӕтты онг» (Псалом 46:9). Бакӕс статья «Реальная надежда на лучшее завтра» ӕмӕ базон, Хуыцау нын зӕрдӕ цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры.
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ (Матфейы 6:9, 10). Уыцы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Уый сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Хуыцауы фӕндмӕ хауы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр сабырдзинад уа. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы дӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд аивдзӕн, уый базоныны тыххӕй бакӕс видеороликмӕ «Цы у Хуыцауы Паддзахад?».
Украинӕйы цӕры 129 000 фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Иннӕ бӕстӕты цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтау уыдон дӕр Йесойы фӕзмынц, ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты ӕмӕ хӕстыты нӕ архайынц (Иоанны 18:36). Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матфейы 24:14). Ӕрмӕстдӕр уыцы Паддзахад скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕстытӕн. Библи нын ныфс цы фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд нӕм ныффысс кӕнӕ нӕм ӕрбадзур.
a Ацы пехуымпарадыл бӕстондӕр дзырд цӕуы статьяты «„Цӕгатаг паддзах“ кӕроны рӕстӕджы» ӕмӕ «Ныртӕккӕ „цӕгатаг паддзах“ чи у?».