МА БАФЫНӔЙ УТ!
Ӕнахуыр тӕвдтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр. Библийы цы фыст ис?
2022 азы июлы ӕнӕхъӕн дунейы дӕр уыд ӕнахуыр тынг тӕвд.
«Китайы хицауад ацы мӕй дыккаг хатт фӕдзӕхсы адӕмы, иу-70 горӕты тынг тӕвд кӕй уыдзӕн, уымӕй» (2022 аз, 25 июль, CNN Wire Service).
«Ӕнӕхъӕн Европӕйы дӕр тынг тӕвд кӕй у, уый тыххӕй бирӕ бӕстӕты хъӕдтӕ судзынц» (2022 аз, 17 июль, «The Guardian»).
«Хуыцаубоны Америкӕйы Иугонд Штатты Скӕсӕн донбылгӕроны, стӕй Хуссары ӕмӕ Астӕуккаг Ныгуылӕн хӕйттӕй кӕцыдӕрты уыд тынг ӕнахуыр тӕвд. Бирӕ горӕтты уыцы бон куыд тынг тӕвд уыд, афтӕ никуы» (2022 аз, 24 июль, «The New York Times»).
Уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты? Зӕхх цӕрынӕн нал бӕздзӕн? Библийы цы фыст ис?
Ӕнахуыр тӕвдты тыххӕй Библийы исты фыст ис?
О. Нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис. Ӕмӕ бирӕ рӕтты ӕнахуыр тӕвд кӕй у, уый дӕр уыцы хабӕрттӕм хауы. Зӕгъӕм, Йесо загъта, адӕм кӕй уындзысты «ӕвирхъау хабӕрттӕ» ӕмӕ «стыр диссӕгтӕ» (Лукайы 21:11). Адӕмы аххосӕй климӕт тӕвдӕй-тӕвддӕр кӕй кӕны, уый тыххӕй бирӕтӕ тӕрсынц, зӕхх цӕрынӕн куы нал бӕзза, уымӕй.
Зӕхх цӕрынӕн нал бӕздзӕн?
Нӕ, афтӕ никуы уыдзӕн. Хуыцау зӕхх сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм цӕрой (Псалом 115:16; Екклесиаст 1:4). Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, зӕхх фесафын кӕй нӕ бауадздзӕн, фӕлӕ, «зӕхх чи сафы, уыдоны» кӕй фесафдзӕн (Раргомад 11:18).
Хуыцау ма ноджыдӕр зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?
«Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн» (Исай 35:1). Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр феста. Стӕй афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн.
«Ды де ’ргом раздӕхтай зӕхмӕ, цӕмӕй йыл алцыдӕр парахатӕй уа, алцӕмӕй йӕ хъӕздыг кӕныс» (Псалом 65:9). Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн.
Климӕт кӕй фӕивта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕны. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Изменение климата и наше будущее. Что говорит Библия».
Зӕхх та диссаджы цӕрӕнбынат кӕй суыдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Кто спасёт Землю?».