Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 86 статья
  • Спиритизм ӕдас ирхӕфсӕн схонӕн ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Спиритизм ӕдас ирхӕфсӕн схонӕн ис?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕмы зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?
  • Дӕхи дзы цӕмӕн хъуамӕ хизай?
  • Дӕ бон цы у аразын
  • Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕуу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Дӕсны фӕрсын ӕвзӕр цӕмӕй у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуу
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕуу
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
Фылдӕр фенын
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 86 статья
Дыууӕ ӕрыгон чызджы кӕсынц, дӕсны кӕмӕй фӕфӕрсынц, ахӕм зӕронд чиныгмӕ

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Спиритизм ӕдас ирхӕфсӕн схонӕн ис?

Куыд хъуыды кӕныс?

  • Цымӕ гороскоптӕ кӕсын кӕнӕ дӕсны фӕрсын исты зиан хӕссы?

  • Цымӕ спиритизмимӕ баст хабӕрттӕ ӕнӕуи таурӕгътӕ сты, ома дзы хорз ӕмӕ ӕвзӕр ахӕсгӕ хуызы кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, ӕви ӕцӕгдӕр сты ӕмӕ ма тӕссаг дӕр сты?

Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, спиритизм адӕмы зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ дзы дӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизай.

  • Адӕмы зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?

  • Дӕхи дзы цӕмӕн хъуамӕ хизай?

  • Дӕ бон цы у аразын

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Адӕмы зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?

Ирхӕфсӕнтӕ чи ӕрхъуыды кӕны, уыдон стыр ӕхцатӕ кусынц, киноты, телепередачӕты, видеохъӕзтыты ӕмӕ чингуыты спиритизмимӕ баст хабӕрттӕ бирӕ кӕй вӕййы, уый фӕрцы. Уый тыххӕй ӕрыгӕттӕй бирӕты бафӕнды фылдӕр базонын, зӕгъӕм, астрологи, дӕлимонтӕ, вампиртӕ ӕмӕ сау тыхты тыххӕй. Цӕмӕн? Ахӕм аххоссӕгты тыххӕй:

  • Базонын сӕ фӕнды: зӕдтӕ ӕмӕ дӕлимонтӕ ӕцӕгдӕр сты ӕви нӕ.

  • Мӕт кӕнынц: фидӕны цы уыдзӕн, уый зонын сӕ фӕфӕнды.

  • Ӕххуыс сӕ агурынц: чи сын фӕзиан, уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнынӕн сӕ ӕххуыс фӕагурынц.

Ацы аххоссӕгтӕ, чи зоны, ӕвзӕр не сты. Зӕгъӕм, диссаг нӕу, фидӕны цы уыдзӕн, уый зонын дӕ кӕй фӕнды кӕнӕ, чи дын амард, уыцы адӕймаджы кӕй мысыс. Фӕлӕ хъуамӕ зонай, тӕссаг цӕмӕй у, уый.

Дӕхи дзы цӕмӕн хъуамӕ хизай?

Библи карзӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм, спиритизмимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, ацы ныхӕстӕ:

«Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг... дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты» (Дыккаг закъон 18:10–12).

Библи спиритизмы ныхмӕ афтӕ карзӕй цӕмӕн дзуры?

  • Спиритизмы уылты дӕлимонтимӕ лымӕн кӕндзыстӕм. Библи дзуры, иуӕй-иу зӕдтӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты ӕмӕ йе знӕгтӕ кӕй систы (Райдиан 6:2; Иудӕйы 6). Уыцы фыдгӕнӕг зӕдтӕ, хонынц ма сӕ дӕлимонтӕ, адӕмы сайынц, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры ӕмӕ дӕсны чи фӕрсы, уыдоны уылты, стӕй астрологийы уылты. Ацы хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы знӕгтӕ суыдзыстӕм.

  • Спиритизмы тыххӕй адӕм ӕууӕндынц, иуӕй-иу адӕймӕгтӕн сӕ бон кӕй у, фидӕны цы уыдзӕн, уый зонын. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн у йӕ бон зӕгъын: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:10; Иаковы 4:13, 14).

  • Спиритизмы тыххӕй адӕм ӕууӕндынц, зӕгъгӕ, чи амард уыдонӕн сӕ бон у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц [...]. Ингӕны... нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:5, 10).

Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи хизынц спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Стӕй ма сӕхи хизынц, зӕгъӕм, зомбитӕ, вампиртӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Ӕрыгон сылгоймаг, Марийӕ, зӕгъы: «Спиритизм кӕм ис, ахӕм цӕмӕдӕр хъуамӕ ма кӕсон»a.

Ӕрыгон лӕппу хъуыды кӕны, телефонӕй йӕм хорз адӕймаг кӕй дзуры, ӕцӕгӕй та йӕм фыдгӕнӕг дзуры

Фыдгӕнӕг фӕсайы, цӕмӕй ма базонай, ӕцӕгӕй чи у, уый, афтӕ дӕлимонтӕ дӕр сайынц, цыма, чи дын амард, уыцы адӕймӕгтӕ сты

Дӕ бон цы у аразын

  • Дӕхицӕн фидарӕй аскъуыддзаг кӕн, Йегъовӕйы раз дӕ «цӕсгом сыгъдӕгӕй» кӕй бахъахъхъӕндзынӕ, спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй дӕхи кӕй хиздзынӕ, уый фӕрцы (Хъуыддӕгтӕ 24:16).

  • Спиритизмимӕ баст цы у, уыдонӕй дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон фесаф. Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 19:19, 20 ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар, уыцы хъуыддаджы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ фӕзминаг куыд уыдысты.

Дӕ зӕрдыл дар: спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй дӕхи куы хизай, уӕд равдисдзынӕ, Йегъовӕйы фарс кӕй дӕ. Ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Брендон

«Суанг сывӕллӕттӕн чи сты, уыцы передачӕты дӕр ис хинтӕ-кӕлӕнтӕ, ӕлгъыстытӕ, дӕсны арфӕтӕ куы бафтауы ӕмӕ бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Дыккаг закъоны 18:10 стихы фыст ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон не ’хсӕн кӕй хъуамӕ ма уой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ ирхӕфсӕнты сӕ кой дӕр хъуамӕ ма уа» (Брендон).

Розӕ

«Телепередачӕты кӕнӕ киноты спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕ куы ӕвдисой, уӕд уӕхимӕ уыйбӕрц хъарутӕ ссарут, цӕмӕй сӕм мауал кӕсат, кӕд уӕ уый тыххӕй уе ’мбӕлттӕн зӕгъын хъӕудзӕн, ахӕм цӕмӕдӕртӕм кӕй нӕ кӕсут. Сыгъдӕг цӕсгом бирӕ хуыздӕр у телепередачӕ кӕнӕ кинойӕ» (Розӕ).

a Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ аргъӕуттӕ иууылдӕр спиритизмимӕ баст сты. Фӕлӕ чырыстӕттӕн се ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр у ӕмӕ сӕхи хизынц, спиритизм кӕм ис, ахӕм хъуыддӕгтӕй кӕнӕ ирхӕфсӕнтӕй (2 Коринфӕгтӕм 6:17; Дзуттӕгтӕм 5:14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын