Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbv 9 статья
  • Исай 42:8. «Ӕз дӕн Йегъовӕ»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Исай 42:8. «Ӕз дӕн Йегъовӕ»
  • Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Исайы 42:8 стихӕн йӕ хъуыды
  • Исайы 42:8 стихӕн йӕ контекст
  • Хуыцауӕн цал номы ис?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Ромӕгтӕм 10:13. «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй... кув»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауӕн ном ис?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Фылдӕр фенын
Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
ijwbv 9 статья

БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ

Исай 42:8. «Ӕз дӕн Йегъовӕ»

«Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ ратдзынӕн мӕ кад, мӕ намыс» (Исай 42:8, «Ног Дунейы тӕлмац»).

«Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн» (Исай 42:8, «Библи. Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ», 2022 аз).

Исайы 42:8 стихӕн йӕ хъуыды

Хуыцау нын йӕ ном раргом кодта ӕмӕ ма загъта, цӕмӕй уымӕй уӕлдай макӕмӕн ӕмӕ мацӕмӕн кувӕм.

Хуыцау йӕхицӕн ном йӕхӕдӕг равзӕрста ӕмӕ уыцы ном иронау ратӕлмац кӕнынц «Йегъовӕ»a (Рацыд 3:14, 15). Кӕд Рагон Фӕдзӕхсты (Дзуттаг-арамейаг Фыстыты) Хуыцауы ном иу-7 000 хатты ӕмбӕлы, уӕддӕр ӕй бирӕ тӕлмацты баивтой титулӕй «Хицау». Зӕгъӕм Псалом 110:1 стихы дзырд цӕуы Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ Йесойыл дӕр (иннӕ тӕлмацты у Псалом 109:1). Ацы стихы ныхӕстӕ ма ӕмбӕлынц Хъуыддӕгты чиныджы дыккаг сӕры. 1994 азы уагъд «Ног фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы у Куыстыты чиныг. Уым фыст ис: «Загъта Хицау мӕ Хицауӕн» (Куыстытӕ 2:34–36). «Ног Дунейы тӕлмац»-ы уыцы ран дзырд «Хицауы» бӕсты Хуыцауы ном ныффыстой, кӕм хъуамӕ уыдаид уыцы ран ӕмӕ ныр бӕрӕг у, чи кӕмӕ дзуры, уый. Фыст дзы ис: «Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“».

Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны ӕмӕ свӕййы». Уыцы ном хӕссыны бар ис ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ уый бон у, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр кӕй свӕййынц, чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый.

Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл хъуамӕ уӕм иузӕрдион. Ӕмӕ ӕндӕр хъуамӕ макӕмӕн ӕмӕ мацӕмӕн кувӕм, уыимӕ нывтӕн ӕмӕ гуымирытӕн дӕр (Рацыд 20:2–6; 34:14; 1 Иоанны 5:21).

Исайы 42:8 стихӕн йӕ контекст

Исайы 42:1 стихы Йегъовӕ загъта, «йе ’взӕрст адӕймаг» цы араздзӕн, уый. Хуыцау загъта: «Уый адӕмтӕн ӕрхӕсдзӕн рӕстдзинад». Стӕй ма загъта: «Ныр та дзурын ног хабӕрттӕ. Нырма сӕ кой дӕр нӕй, ӕз та уын сӕ хъусын кӕнын» (Исай 42:9). «Ӕвзӕрст адӕймаджы» тыххӕй пехуымпарад сӕххӕст, Мессийӕ, ома Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд (Матфейы 3:16, 17; 12:15–21).

a Хуыцауы ном фыст вӕййы цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ, иронау сты ЙХВХ. Иуӕй-иу тӕлмацты Хуыцауы ном ратӕлмац кӕнынц «Яхве». Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс «Библи – Ног дунейы тӕлмац», Уӕлӕмхасӕн «Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты».

Бакӕс Исайы 42 сӕр фиппаинӕгтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн стихтимӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын