Фиппаинаг
a Зӕгъынц ма ахӕм хъуыды дӕр: ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгтыл фӕзындысты грекъаг философты хъуыдытӕ. Зӕгъӕм, Александрийӕйы чи цард, уыцы дзуттаг философ Филоныл (царди Йесойы рӕстӕджы) тынг бандӕвта грекъаг философ Платон – Филоны хъуыдымӕ гӕсгӕ Платонмӕ хӕццӕ кодта Хуыцауы комытӕф. «Дзуттаг дины дзырдуат»-ы («Lexikon des Judentums»), дӕлсӕргонд «Филон»-ы, фыст ис, зӕгъгӕ, Филон «грекъаг философийы (ома Платоны философийы) ӕвзаг ӕмӕ хъуыдытӕ схӕццӕ кодта, дзуттӕгтӕн уӕлейӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад уыди, уыимӕ» ӕмӕ райдианы йӕ зонд «тынг фӕзынд чырыстон аргъуаны динамонджытыл». Филон дзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцау у, базонӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕр, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ном раттӕн дӕр нӕй.