Фиппаинаг
b Библийӕ бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл мацӕмӕй худа, уый алы хатт фаг кӕй нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, Павел загъта: «Мӕнӕн мӕ цӕсгом сыгъдӕг у. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕй рӕстгӕнӕг нӕ фестадтӕн – Йегъовӕ мын у тӕрхонгӕнӕг» (1 Коринфӕгтӕм 4:4). Йӕ рӕстӕджы Павел чырыстӕтты куы ӕфхӕрдта, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ницӕмӕй худт. Ӕмӕ абон чырыстӕтты чи ’фхӕры, уыдонмӕ дӕр, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы аразынц, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа нӕхи раз дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр (Хъуыддӕгтӕ 23:1; 2 Тимофеймӕ 1:3).