Фиппаинаг
b Раджы заманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты, зӕгъӕм, Авраамӕн ӕмӕ Иаковӕн, иу усӕй фылдӕр уыди. Сӕ заманты, стӕй фӕстӕдӕр Израилы заман Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн уый бар лӕвӕрдта. Уыцы ӕгъдау Йегъовӕ не ’рӕвӕрдта, фӕлӕ уӕддӕр радта бӕлвырд амындтӕ, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид. Фӕлӕ чырыстӕттӕ сӕ зӕрдыл дарынц, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн уый бар кӕй нал дӕтты, цӕмӕй сын иу усӕй фылдӕр уа (Матфейы 19:9; 1 Тимофеймӕ 3:2).