Фиппаинаг
a Дауны синдром у туджырахӕсгӕ низ. Сывӕллон рӕзы, фӕлӕ йӕ сӕры магъзы куыст фӕстейы зайы. Ӕнӕниз адӕймаджы клеткӕты цы хромосомӕтӕ ис, уыдон вӕййынц дыгӕйттӕ, фӕлӕ Дауны синдром кӕмӕн вӕййы, уыцы сывӕллӕттӕн та иу къайы (парӕйы) вӕййы уӕлдай хромосомӕ. Сывӕллонӕн 21 къайы уӕлдай хромосомӕ кӕй вӕййы, уыцы низ трисоми 21 дӕр уымӕн хуыйны.