Фиппаинаг
d Ксеркс Фыццӕгӕмы зыдтой зындзӕрин ӕмӕ схъиуд адӕймагӕй. Грекъаг историк Геродот ныффыста, Ксеркс Грециимӕ куы хӕцыд, уӕд цытӕ арӕзта, уый тыххӕй. Ксеркс бардзырд радта, цӕмӕй Геллеспонты донкъубалы (проливы) сӕрты наутӕй хид скодтаиккой. Ӕмӕ уыцы хид тыхдымгӕ куы ныппырх кодта, уӕд йӕ аразджытӕн сӕ сӕртӕ ахауын кодта, Геллеспонты донкъубал та йӕ адӕмӕн «бафхӕрын кодта» – дон рӕхыстӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ хъӕрӕй ӕлгъыстой. Уыцы хӕсты рӕстӕг ӕм иу хъӕздыг лӕг бацыд йӕ фырты тыххӕй, цӕмӕй йын ӕй ӕфсадӕй ссӕрибар кодтаид. Фӕлӕ Ксеркс лӕппуйы йӕ астӕуыл афадын кодта, ӕмӕ йын йӕ мард уынгӕйӕ иннӕтӕ паддзахӕй тарстысты.