Фиппаинаг
b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Спиритизммӕ хауынц хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Уыцы ахуырӕдтӕй иу у ахӕм, ӕмӕ, дам, мӕрдтӕн сӕ бон у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын, сӕйраджыдӕр, мӕрдтимӕ чи фӕныхас кӕны, уыдоны уылты. Спиритизммӕ ма хауынц астрологи, дӕсны фӕрсын ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ. Стӕй ма уымӕ хауы, адӕмы мӕнг цыдӕртӕ кӕй фӕуырны, уый тыххӕй цӕмӕйдӕрты кӕй фӕтӕрсынц, уый дӕр. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, хи аирхӕфсыны тыххӕй ӕмӕ иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй цы фокустӕ февдисынц, уыдон спиритизммӕ нӕ хауынц.