Фиппаинаг
a 2021 азы 27 мартъийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыдзӕн ахсджиаг бон. Уыцы бон изӕрӕй бӕрӕг кӕндзыстӕм Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕудзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдзысты, Чырысти «ӕндӕр фыстӕ» кӕй схуыдта, уыцы къордӕй. Уыцы къорды тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1935 азы цы базыдтой? Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы ӕндӕр фыстӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕудзӕн, уыцы ӕндӕр фыстӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кадджын кӕнын?