Фиппаинаг
b Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны хъуыддаг равзарын ӕмӕ бамбарын, ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ (1 Кор. 5:11; 6:5; Иак. 5:14, 15). Фӕлӕ уыдон сӕрныллӕгдзинад равдисынц ӕмӕ сӕ зӕрдыл фӕдарынц, сӕ бон кӕй нӕу, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый уынын ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй кӕй тӕрхон кӕнынц. (Абар 2 Азфыстыты 19:6.) Уыдон Йегъовӕйау фӕтӕрхон кӕнынц рӕстӕй. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйау вӕййынц фӕлмӕнзӕрдӕ, стӕй ӕгӕр фӕлмӕн кӕнӕ ӕгӕр тызмӕг дӕр нӕ вӕййынц.