Фиппаинаг
a Иов уыд Хуыцауыл иузӕрдион. Фӕлӕ йын йе ’ртӕ ӕмбалы куы загътой, цавӕрдӕр тӕригъӕд, дам, сарӕзтай, зӕгъгӕ, уӕд райдыдта ӕгӕр мӕт кӕнын, адӕм дзы цы хъуыды кӕнынц, ууыл. Йӕ сывӕллӕттӕ куы фӕмард сты ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕй ӕнӕхай куы фӕци, уӕд «Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта» (Иов 1:22; 2:10). Фӕлӕ йын йӕхимӕ фаутӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕд райдыдта «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» кӕнын. Хуыцауы ном куыд срухс кӕна, ууыл нал хъуыды кодта, фӕлӕ, йӕхӕдӕг раст кӕй у ӕмӕ ӕвзӕрӕй кӕй ницы сарӕзта, уый сбӕлвырд кӕныныл (Иов 6:3; 13:4, 5; 32:2; 34:5).