Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Цыппӕрӕм, 16 октябрь

Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут! Нӕ Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдырыл фӕндаг алӕгъз кӕнут (Ис. 40:3).

Дзуттӕгты Вавилонӕй Израилмӕ хъуыдаид иу-4 мӕйы цӕуын, ӕмӕ уый ӕнцон балц нӕ уыдаид. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, алы цӕлхдур дӕр сын сӕ фӕндагӕй кӕй айсдзӕн. Иузӕрдион дзуттӕгтӕ зыдтой, Израилмӕ куы аздӕхой, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты ӕмӕ, сӕхи цӕмӕй фӕцух кӕндзысты, уыдӕттӕ кӕй ницы уыдзысты уыцы арфӕдзинӕдты раз. Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад баст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ. Вавилоны Йегъовӕйӕн кувӕндон нӕ уыд. Израилӕгтӕн дзы нӕ уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ кӕуыл хастаиккой, ахӕм нывондхӕссӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр уыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕммӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион дзуттӕгты – уыдысты мингӕйттӕ – тынг фӕндыд сӕ бӕстӕмӕ аздӕхын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. w23.05 14, 15 фф., 3, 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 17 октябрь

Рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут (Еф. 5:8).

Мах хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр дӕр, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы хӕлд дунейы зын у хӕрзӕгъдау цард кӕнын (1 Фес. 4:3–5, 7, 8). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уыимӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ философитӕй. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тырнӕм алы хорздзинадмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ (Еф. 5:9). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъуамӕ йӕм кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Йесо загъта: «Фыд... куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйы ӕмбырдты куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй дӕр схайджын вӕййӕм сыгъдӕг тыхӕй (Еф. 5:19, 20). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. w24.03 23, 24 фф., 13–15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 18 октябрь

Курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты (Лук. 11:9).

Фӕнды дӕ, цӕмӕй фӕразондӕр уай? Уӕд уый тыххӕй кув. Фӕразондзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн. Кӕцыдӕр уавӕры нын зын куы уа фӕразондзинад равдисын, уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:13). Нӕ бон ма у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нӕ уый фӕстӕ хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй алы бон дӕр фӕразон уӕм. Йегъовӕйӕ ӕдзух фӕразондзинад куы курӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй фӕразон уӕм, уӕд уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды сфидар уыдзӕн. Библийы кӕй кой ис, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн. Библийы ис бирӕ фӕзминаг лӕггадгӕнджыты кой. Сӕ хабӕрттыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, нӕ бон куыд у фӕразондзинад ӕвдисын. w23.08 22, 23 фф., 10, 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын