Къуырисӕр, 6 октябрь
Куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта, цы дзы куырдтон, уый (1 Сам. 1:27).
Апостол Иоанн диссаджы цӕстылуайӕны федта, 24 хистӕр лӕджы уӕлӕрвты Йегъовӕйӕн куыд кувынц, уый. Уыдон Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, «ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау» (Рарг. 4:10, 11). Иузӕрдион зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кадджын кӕнынц. Уыдон сты йемӕ уӕлӕрвты, ӕмӕ йӕ тынг хорз зонынц. Уыдон уынынц, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ сӕ бафӕнды Йегъовӕйы скадджын кӕнын (Иов 38:4–7). Мах дӕр фӕнды нӕ куывдтыты Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Нӕ бон ын у дзурын, цӕй тыххӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын цӕй тыххӕй аргъ кӕнӕм, уый. Библи куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй фенай, Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц, уыдон (Иов 37:23; Ром. 11:33). Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Йегъовӕйӕн зӕгъ, уыцы миниуджытӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц. Нӕ бон ма у Йегъовӕйы кадджын кӕнын, махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕдзух кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй (1 Сам. 2:1, 2). w23.05 3, 4 фф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 7 октябрь
Цӕрдзыстут, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ (Кол. 1:10).
1919 азы Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Уыцы аз фӕзынд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр (Матф. 24:45–47; Ис. 35:8). Уымӕн йӕ бон уыд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын райдайой. Уыцы фӕндагыл-иу чи ’рлӕууыд, уыцы адӕмӕн сӕ бон уыд Йегъовӕйы фӕндты тыххӕй фылдӕр базонын, «фӕндаг» чи цӕттӕ кодта, уыдоны руаджы (Ӕмб. 4:18). Стӕй сӕ бон уыд сӕ цард Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аивын. Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй йӕ адӕм хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ ӕвиппайды скодтаиккой. Фӕлӕ сӕ гыццылгай сыгъдӕг кодта. Куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр нӕ Хуыцауы зӕрдӕ алцӕмӕй дӕр куы рухс кӕнӕм, уӕд! Алы фӕндагмӕ дӕр фӕхъӕуы зилын. Ӕмӕ афтӕ зилынц «Сыгъдӕг фӕндагмӕ» дӕр 1919 азӕй фӕстӕмӕ, цӕмӕй ноджы фылдӕр адӕмӕн сӕ бон уа Стыр Вавилонӕй рацӕуын. w23.05 17 ф., 15 абз.; 19 ф., 16 абз.
Ӕртыццӕг, 8 октябрь
Никуы дӕ ныууадздзынӕн (Дзут. 13:5).
Разамонӕг советы комитетты ӕххуысгӕнджыты Разамонӕг совет йӕхӕдӕг ахуыр кӕны. Уыцы ӕххуысгӕнджытӕ ныр дӕр бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сты ӕууӕнкджын. Уыдон хорз цӕттӕ сты, цӕмӕй Чырыстийы фыстӕн разамынд дӕттой, сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл куы нал уой, уӕд. Стыр бӕллӕхы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд раст дин ницы фӕуыдзӕн. Йесо Чырысти нын разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый фӕрцы дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уыцы рӕстӕг нӕ ныхмӕ Маго́гы зӕххӕй Гог, ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, кӕй рацӕудзӕн, уый дӕр нӕ рох нӕу (Йез. 38:18–20). Фӕлӕ уый ахӕсдзӕн цыбыр рӕстӕг, ӕмӕ сын ницы рауайдзӕн. Сӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Хуыцау нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕмы». Уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты... ахызтысты» (Рарг. 7:9, 14). О, Хуыцау йӕ адӕмы ӕнӕмӕнг фервӕзын кӕндзӕн! w24.02 5, 6 фф., 13, 14 абз.