Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Shan
  • Абон

Ӕртыццӕг, 8 октябрь

Никуы дӕ ныууадздзынӕн (Дзут. 13:5).

Разамонӕг советы комитетты ӕххуысгӕнджыты Разамонӕг совет йӕхӕдӕг ахуыр кӕны. Уыцы ӕххуысгӕнджытӕ ныр дӕр бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сты ӕууӕнкджын. Уыдон хорз цӕттӕ сты, цӕмӕй Чырыстийы фыстӕн разамынд дӕттой, сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл куы нал уой, уӕд. Стыр бӕллӕхы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд раст дин ницы фӕуыдзӕн. Йесо Чырысти нын разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый фӕрцы дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уыцы рӕстӕг нӕ ныхмӕ Маго́гы зӕххӕй Гог, ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, кӕй рацӕудзӕн, уый дӕр нӕ рох нӕу (Йез. 38:18–20). Фӕлӕ уый ахӕсдзӕн цыбыр рӕстӕг, ӕмӕ сын ницы рауайдзӕн. Сӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Хуыцау нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕмы». Уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты... ахызтысты» (Рарг. 7:9, 14). О, Хуыцау йӕ адӕмы ӕнӕмӕнг фервӕзын кӕндзӕн! w24.02 5, 6 фф., 13, 14 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 9 октябрь

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы зынг ма хуыссын кӕнут (1 Фес. 5:19).

Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъӕуы дзы сыгъдӕг тых курын, Хуыцауы Ныхас иртасын ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организацийыл нӕхи бӕттын. Уыдӕтты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (Гал. 5:22, 23). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых ратты, йӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сыгъдӕг кӕмӕн сты, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Чъизи цы у, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтдзӕн (1 Фес. 4:7, 8). Цӕмӕй нын дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых дӕтта, уый тыххӕй хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм пехуымпарӕдтӕм дӕр. Павел ныффыста: «Пехуымпар-ныхасыл ӕнӕрвӕссон ма кӕнут» (1 Фес. 5:20). Ацы ран «пехуымпар-ныхас» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй фехъусын кӕны, уыцы хабӕрттӕм, уыимӕ, Йегъовӕйы боны тыххӕй ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый тыххӕй цы загъта, уымӕ. Мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Армагеддон нӕ рӕстӕджы нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уыцы боны ӕрцыд алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисӕм, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм (2 Пет. 3:11, 12). w23.06 12 ф., 13, 14 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 10 октябрь

Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн (Ӕмб. 9:10).

Чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна, йӕ телефоны кӕнӕ йӕ планшеты ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хӕлд ныв куы фӕзына, уӕд? Хъуамӕ уайтагъд исты сараза, цӕмӕй йӕ мауал уына. Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, не стырдӕр хӕзна нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ кӕй у, уӕд нын афтӕ бакӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ, порнографийыл нымад чи нӕу, ахӕм нывтӕм кӕсгӕйӕ дӕр, гӕнӕн ис, адӕймагмӕ фӕзына ӕнӕгъдау хъуыдытӕ. Ӕмӕ ахӕм нывтӕм дӕр нӕ кӕсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды тӕригъӕды ’рдӕм гыццыл къахдзӕф дӕр саразын ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы мидӕг ӕнӕгъдау ми бакӕнын (Матф. 5:28, 29). Таиландӕй иу хистӕр нӕлгоймаг, Дэвид, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕз ахъуыды кӕнын: „Кӕд хӕлд нывтӕ не сты, уӕддӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, куы сӕм кӕсон, уӕд?“ Ӕмӕ мын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй зондджынӕй архайон». Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын куы тӕрсӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зондджынӕй архайӕм. Хуыцауӕй тӕрсын у «зонды райдайӕн», ома ӕнӕ уымӕй адӕймаг ӕцӕг зондджын не суыдзӕн. w23.06 23 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын