Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фӕскъӕвда ракӕсы хур
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • Фӕскъӕвда ракӕсы хур

      «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:1).

      ДӔЛДӔР цы ӕвирхъау хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фехъуыстай кӕнӕ сӕ дӕхи цӕстӕй федтай?

      ● Адӕм цагъды кӕнынц мӕлӕтдзаг низтӕй.

      ● Дуне адӕм скъуыйы, ӕххормаг кӕй ӕййафынц, уый аххосӕй.

      ● Зӕххӕнкъуыстыты амӕлы мингӕйттӕ, ӕнӕ хӕдзарӕй та баззайы уымӕй ноджы фылдӕр.

      Дарддӕр цалдӕр статьяйы фендзынӕ, ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый ӕмӕ сӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕуылнӕ ис, уый дӕр. Стӕй ма базондзынӕ, Библийы раджы кӕй ӕрцыд фыст, «фӕстаг бонты» ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн, уый тыххӕйa.

      Фӕлӕ ацы статьятӕн сӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй баууӕндай, тынг ӕвзӕр рӕстӕг кӕй цӕрӕм, ууыл. Афтӕ кӕй у, уый дӕхӕдӕг дӕр уыныс. Ацы статьятӕ уый тыххӕй ӕрцыдысты фыст, цӕмӕй дӕ ныфс бауадзой. Дзырд дзы цӕуы, Библийы бирӕ раздӕр фыст чи ӕрцыд, ӕхсӕз ахӕм хабарыл. Ды фендзынӕ, уыцы хабӕрттӕ абон кӕй цӕуынц, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ «фӕстаг бонтӕ» тагъд фӕуыдзысты. Стӕй ма базондзынӕ, бирӕтӕ цӕмӕн фӕдзурынц, афтӕ нӕу, зӕгъгӕ, ӕмӕ цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, тагъд хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн.

      [Фиппаинаг]

      a Хуыцау ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн уадзы, уый тыххӕй кӕс ацы брошюрӕйы 16 ӕмӕ 17 фӕрстыл статья «Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?».

  • 1. Зӕххӕнкъуыстытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • 1. Зӕххӕнкъуыстытӕ

      «Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» (ЛУКАЙЫ 21:11).

      ● Гаитийы зӕххӕнкъуысты фӕстӕ калд хӕдзӕртты бынӕй систой, афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг кӕуыл цыд, иу ахӕм чызджы, Виннийы. Журналисттӕ зӕххӕнкъуысты хабӕрттӕ куы истой, уӕд ын йӕ кӕуын кӕцӕйдӕр айхъуыстой. Чызг удӕгасӕй баззад, йӕ ныййарджытӕ та фӕмард сты.

      ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? 2010 азы январы Гаитийы цы зӕххӕнкъуыст уыд, уымӕн йӕ тых уыди 7 баллы. Фӕмард дзы 300 000 адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ дзы 1,3 милуан адӕймаджы та цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕнӕ хӕдзарӕй аззадысты. Фӕлӕ ахӕм тыхджын зӕххӕнкъуыст ӕрмӕст Гаитийы не ’рцыд. 2009 азы апрелӕй 2010 азы апрелмӕ ӕгас зӕххыл ӕрцыд ӕппынкъаддӕр 18 стыр зӕххӕнкъуысты.

      БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Зӕххӕнкъуыстытӕ раздӕр цас уыд, абон уымӕй фылдӕр не сты. Хъуыддаг ӕрмӕстдӕр уый мидӕг ис, ӕмӕ ног технологиты фӕрцы зӕххӕнкъуыстыты тыххӕй абон адӕм фылдӕр зонынц.

      ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, фӕстаг бонты зӕххӕнкъуыстытӕ цас уыдзӕн, уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы фыст ис, зӕгъгӕ, «куы иу ран, куы иннӕ ран» уыдзӕн «стыр зӕххӕнкъуыстытӕ». Уӕдӕ Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй, хуымӕтӕг рӕстӕг кӕй нӕ цӕрӕм, уый бӕрӕг у зӕххӕнкъуыстытӕй дӕр (Марчы 13:8; Лукайы 21:11).

      ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Библийы куыд загъд уыд, афтӕ стыр зӕххӕнкъуыстытӕ нӕхи цӕстӕй нӕ уынӕм?

      Чи зоны, исчи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ ууыл дзурӕг нӕма сты, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм. Фӕлӕ абон ӕрмӕст уыцы хабар нӕ уынӕм нӕхи цӕстӕй. Ӕркӕсӕм ноджыдӕр иу хабармӕ.

      [Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

      «Махӕн [геофизиктӕн] уыдон сты ӕнӕуи стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, хуымӕтӕг адӕмӕн та – ӕвирхъау бӕллӕхтӕ» (КЕН ХАДНАТ, АИШ-Ы ГЕОЛОГИЙЫ ИНСТИТУТ).

      [Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]

      © William Daniels/Panos Pictures

  • 2. Ӕххормагдзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • 2. Ӕххормагдзинад

      «Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (МАРЧЫ 13:8).

      ● Иу нӕлгоймаг, цӕмӕй ӕххормагӕй ма амӕла, уый тыххӕй ӕрлыгъд, Кваратаги чи хуыйны, уыцы хъӕумӕ (Нигер, Африкӕ). Уыцы хъӕумӕ ма алы рӕттӕй къӕбӕрагур ӕрлыгъдысты йӕ хӕстӕджытӕ, стӕй йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр. Фӕлӕ сӕм лӕг хӕстӕг нӕ цӕуы, иунӕгӕй зӕххыл хуыссы. Иунӕгӕй цӕмӕн ис? «[Йӕ бинонты] фӕдарын йӕ бон нӕу, ӕмӕ сӕ цӕстытӕм бакӕсын йӕ цӕсгом нал хъӕцы»,– зӕгъы хъӕуы хицау, Сиди, зӕгъгӕ.

      ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Ӕгас дунейы дӕр, зӕгъӕн ис, алы 7-ӕм адӕймаг дӕр афтӕ мӕгуыр у, ӕмӕ алы бон хӕра, уый йӕ къух нӕ амоны. Уавӕр ноджы фыддӕр та у, Африкӕйы ӕдзӕрӕг быдыр Сахарӕйы хуссарварс цы бӕстӕтӕ ис, уым. Куыд банымадтой, афтӕмӕй уыцы бӕстӕты ӕдзухдӕр ӕххормаг вӕййы алы 3-аг адӕймаг дӕр. Цӕмӕй ацы хабар хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, мад, фыд ӕмӕ иу сывӕллон кӕм ис, ахӕм бинонты. Кӕд се ’ртӕйӕ хӕринаг ӕрмӕстдӕр дыууӕйы фаг ис, уӕд сӕ иу хъуамӕ ӕххормагӕй баззайа. Фӕлӕ чи? Фыд, мад ӕви сывӕллон? Ахӕм мӕгуыр бинонты ацы фарстайыл хъуыды кӕнын фӕхъӕуы алы бон дӕр.

      БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Зӕххыл алкӕмӕн дӕр фагӕй фылдӕр ис хӕринаг. Ӕрмӕст ма фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, хойраг адӕмыл уӕрст куыд цӕуы, уыцы хъуыддаг.

      ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Зӕхкусджытӕ ӕмӕ, фос чи дары, уыдон абон цас хойраг амал кӕнынц ӕмӕ уӕй кӕнынц, уыйбӕрц никуыма. Раст куы зӕгъӕм, уӕд хицӕуттӕн хъуамӕ сӕ бон уаид хойраг афтӕ уарын, цӕмӕй ӕххормаг мачи ӕййафа. Фӕлӕ уый сӕ къухы не ’фты, кӕд ууыл дӕсгай азты дӕргъы архайынц, уӕддӕр.

      ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Марчы 13:8 стихы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕны? Кӕд амӕй-ай хуыздӕр технологитӕ фӕзыны, уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр ис, хӕринагхъуаг чи ӕййафы, ахӕм адӕм. Афтӕ нӕу?

      Зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ ӕххормагдзинад арӕх ӕркӕнынц ӕндӕр бӕллӕхмӕ, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый.

      [Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

      «Пневмонийӕ, гуыбынниз ӕмӕ ӕндӕр низтӕй цы сывӕллӕттӕ амӕлы, уыдонӕн се ’ртыккаг хайӕ фылдӕр удӕгасӕй баззаид, хӕринагхъуаг куы не ’ййафикой, уӕд» (ЭНН ВИНИМАН, ЮНИСЕФ-Ы РАЗДӔРЫ ДИРЕКТОР).

      [Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

      © Paul Lowe/Panos Pictures

  • 3. Низтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • 3. Низтӕ

      «Сыстдзӕн фыднизтӕ» (ЛУКАЙЫ 21:11).

      ● Бонзали царди Африкӕйы, хӕст кӕм цыд, ахӕм бӕстӕйы ӕмӕ куыста Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны центры. Кӕм цард, уыцы горӕты шахтӕйы кусджытыл сыстад хӕцгӕ низ, Марбургa, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы цагъды кодтой. Бонзали, йӕ бон цы уыд, уый бӕргӕ арӕзта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид, фӕлӕ низ дарддӕр йӕ куыст кодта. Ӕмӕ уӕд стырдӕр горӕты хицӕуттӕй ӕххуыс ракуырдта. Ӕххуысмӕ сӕм ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр цыппар мӕйы фӕстӕ, фӕлӕ Бонзали уӕдмӕ амард. Шахтерты фервӕзын кӕныныл куы архайдта, уӕд уыцы низ йӕхиуыл дӕр бахӕцыд.

      ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Рӕуджыты хӕцгӕ низтӕ, зӕгъӕм, пневмонийӕ, стӕй гуыбыны низтӕ, ВИЧ кӕнӕ СПИД, туберкулез ӕмӕ тӕфсӕг (малярийӕ) сты, фылдӕр адӕм кӕмӕй цагъды кӕны, уыцы ӕвирхъау низтӕй иуӕй-иутӕ. Куыд банымадтой, афтӕмӕй ӕрмӕст 2004 азы ахӕм низтӕй амард 10,7 милуан адӕймаджы. Ӕндӕр ныхӕстӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд уыцы азы дӕргъы алы ӕртӕ секунды дӕр марди иу адӕймаг.

      БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Адӕм бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ рынчынты нымӕц дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Ӕмӕ низтӕй тӕссаг дӕр фылдӕр адӕмӕн у.

      ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Адӕм ӕцӕгдӕр бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц. Фӕлӕ абон дохтыртӕн дӕр хуыздӕр фадӕттӕ ис низтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн, цӕмӕй дарддӕр ма парахат кӕной, уымӕн исты бакӕнынӕн ӕмӕ сын хостӕ ссарынӕн дӕр. Уӕдӕ уӕд низтӕ хъуамӕ къаддӕр ма кӕниккой? Куыннӕ хъуамӕ кӕниккой. Фӕлӕ хабар та бынтон ӕндӕрхуызон у.

      ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Библийы куыд уыд загъд, афтӕ адӕм фыднизты аххосӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц?

      Зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ низтӕ стыр зиан хӕссынц милуангай адӕмӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы бӕлвырдӕй искӕй фӕаххосджын кӕнӕн нӕй. Фӕлӕ ноджы фылдӕр адӕм та хъизӕмар кӕны комкоммӕ адӕмы къухӕй. Бирӕтӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, уарзгӕ сӕ чи хъуамӕ кӕнид, уыдоны къухӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы уый тыххӕй цы загъд уыд, уымӕ.

      [Фиппаинаг]

      a Марбург у ахӕм вирус, ӕмӕ дзы адӕймагӕн йӕ тӕвд схизы ӕмӕ туг йӕ цӕуынӕй нал фӕлӕууы. Уый фӕзыны вирус Эболӕйы хуызӕн чи у, ахӕм вирусӕй.

      [Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

      «Кӕмдӕр дӕ домбай кӕнӕ ӕндӕр сырд бахӕра, уый ӕвирхъау хабар у. Фӕлӕ дӕ дӕхимидӕг исты низ хӕра ӕмӕ ма дӕ алыварс иннӕтӕ дӕр уыцы низӕй куыд цагъды кӕнынц, уый уынай, уый дӕр у ахӕм ӕвирхъау хабар» (ХӔЦГӔ НИЗТӔ ИРТАСӔГ МАЙКЛ ОСТЕРХОЛМ).

      [Ныв барлӕвӕрдӕй 6 фарсыл]

      © William Daniels/Panos Pictures

  • 4. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • 4. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй

      «Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:1–3).

      ● Крис кусы, бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн кӕм ӕххуыс кӕнынц, ахӕм организацийы Цӕгат Уэльсы. «Иуафон нӕм иу сылгоймаг цыди. Ӕмӕ иухатт ахӕм саунадӕй ӕрбацыд, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр нал бакодтон,– дзуры Крис. – Иуӕй-иу ӕфхӕрд сылгоймӕгтӕ та-иу сӕ уавӕрӕй афтӕ ӕфсӕрмы кодтой, ӕмӕ-иу сӕм сӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ сисын дӕр худинаг каст».

      ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Африкӕйы бӕстӕтӕй иуы рӕстӕмбис нымадӕй алы 3-аг сылгоймагӕн дӕр гыццылӕй тыхми бакодтой. Уымӕй уӕлдай ма, иртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй уыцы бӕстӕйы нӕлгоймӕгтӕн се ’ртыккаг хайӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ сӕ устытӕм сӕ къух кӕй сисынц, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд ӕрмӕст сылгоймӕгтӕ не ’ййафынц. Зӕгъӕм, Канадӕйы рӕстӕмбис нымадӕй алы 10 нӕлгоймагӕй дӕр 3-йы сӕ устытӕ фӕнӕмынц кӕнӕ та сӕ ӕндӕр искуыд бафхӕрынц.

      БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Бинонты ’хсӕн хылтӕ ӕмӕ ӕфхӕрд алкӕддӕр уыд. Хъуыддаг ӕрмӕстдӕр уый мидӕг ис, ӕмӕ абон уый тыххӕй арӕхдӕр дзурынц.

      ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Раст у, фӕстаг дӕсгай азты дӕргъы адӕм фылдӕр зонынц, бинонтӕ кӕрӕдзи кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ ахӕм фыдракӕндты кой арӕхдӕр кӕй фӕкӕнынц, уый фӕрцы сӕ нымӕц къаддӕр фӕци? Нӕ, хабар афтӕ нӕу. Абон ноджы фылдӕр ис, се ’хсӕн уарзондзинад кӕмӕн нӕй, ахӕм бинонтӕ.

      ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? 2 Тимофеймӕ 3:1–3 стихты цы фыст ис, уый абон ӕххӕст кӕны? Бинонтӕ хъуамӕ кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй уарзой. Фӕлӕ бирӕ бинонты ’хсӕн ахӕм уарзондзинад кӕй нӕй, уыимӕ разы нӕ дӕ?

      Библийы фыст хабӕрттӕй абон нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уыдонӕй фӕндзӕм та хауы зӕхмӕ, нӕ иумӕйаг хӕдзармӕ. Уӕдӕ уымӕ дӕр ӕркӕсӕм.

      [Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

      «Бинонтӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къух кӕй сисынц, уый у, искуы иу хатт чи рахъӕр вӕййы, ахӕм фыдракӕндтӕй сӕ иу. Сӕ лӕгтӕ кӕй нӕмынц, уыцы сылгоймӕгтӕ пъӕлицӕмӕ фӕдзурынц, ахӕм хабар сыл 35 хатты бӕрц куы ’рцӕуы, ӕрмӕстдӕр уӕд» (УЭЛЬСЫ БИНОНТЫ ’ХСӔН ӔФХӔРД ЧИ ӔЙЙАФЫ, УЫДОНӔН ӔХХУЫСГӔНӔГ ОРГАНИЗАЦИЙЫ КУСӔГ).

  • 5. Зӕхх сафынц
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • 5. Зӕхх сафынц

      «Зӕхх чи сафы, уыдоны [Хуыцау] фесафдзӕн» (РАРГОМАД 11:18).

      ● Пирри цӕры Нигерийы, Кпоры хъӕуы ӕмӕ кӕны пальмӕйы сӕны куыст. Фӕлӕ, Нигеры цӕугӕдон денджызмӕ кӕм бакӕлы, уыцы ран бирӕ нефт кӕй акалд, уый тыххӕй йӕ куыст ныкъкъуылымпы. «Нефтӕй нӕ цӕугӕдӕттӕ чъизи кӕнынц, кӕсӕгтӕ дзы цагъды кӕнынц, нӕ буар дзы скъуыдтӕ кӕны,– дзуры Пирри. – Куыст мын нал ис, ӕмӕ цӕмӕй цӕрон, уый нӕ зонын».

      ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй алы аз дӕр океантӕм акалынц 6,5 милуан тоннӕйы бырон. Уыцы быронӕн йӕ 50 проценты у пластик, ӕмӕ цалынмӕ нӕ бамбийа, уӕдмӕ дӕтты сӕдӕгай азтӕ ленк кӕндзӕн. Адӕм зӕхх цы сафынц, уымӕй уӕлдай ма ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтыл дӕр нӕ ауӕрдынц. Иртасӕнтӕм гӕсгӕ, адӕм зӕххӕй иу азмӕ цы сисынц, уый цӕмӕй фӕстӕмӕ баххӕст уа, уый тыххӕй хъӕуы иу аз ӕмӕ фондз мӕйы. Иу австралиаг газеты фыст уыд: «Адӕмӕн сӕ нымӕц афтӕ куы фылдӕр кӕна ӕмӕ ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтӕ афтӕ куы хардз кӕной, уӕд ма нӕ 2035 азмӕ ноджыдӕр иу Зӕхх бахъӕудзӕн» («Sydney Morning Herald»).

      БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Ныртӕккӕйы адӕм ахуыргонд сты, сӕ бон у цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр аскъуыддзаг кӕнын. Ӕмӕ ацы уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн дӕр исты ӕрымысдзысты ӕмӕ зӕхх сафын нӕ бауадздзысты.

      ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Бирӕ адӕм ӕмӕ бирӕ организацитӕ фӕдисы хъӕр кӕнынц, зӕхх сӕфы, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕной. Фӕлӕ адӕм дарддӕр дӕр зӕхх чъизи кӕнынц ӕмӕ йӕ сафынц.

      ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цалынмӕ зӕхх бынтондӕр нӕ фесӕфт, уӕдмӕ Хуыцауы нӕ хъӕуы исты бакӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕнын?

      Уӕлдӕр цы фондз хабары тыххӕй цыди дзырд, уыдонӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, фӕстаг бонты хорзӕй дӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн. Ӕркӕсӕм ӕхсӕзӕм хабармӕ.

      [Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

      «Раздӕр мӕхицӕн дзӕнӕты цӕхӕрадоны цардтӕн, ныр та раст цыма химикаттӕй хъӕстӕ цъымарайы цӕрын, афтӕ мӕм кӕсы» (АИШ-Ы МЕКСИКӔЙЫ ДОНБАКӔЛӔНЫ БЫЛЫЛ ЦӔРӔГ СЫЛГОЙМАГ ЭРИН ТАМБЕР, 2010 АЗЫ УЫЦЫ ДОНБАКӔЛӔНЫ НЕФТ КӔЙ АКАЛД, УЫЙ ТЫХХӔЙ).

      [Рамкӕ 8 фарсыл]

      Хуыцау исты аххосджын у?

      Абон цы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы, уыдон Библийы рагацау фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты Хуыцау у аххосджын? Хуыцау нын ӕвзарын кӕны хъизӕмӕрттӕ? Ацы фарстатӕн дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

      [Ныв барлӕвӕрдӕй 8 фарсыл]

      U.S. Coast Guard photo

  • 6. Хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • 6. Хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр

      «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (МАТФЕЙЫ 24:14).

      ● Вайатейӕ цӕры Сабыр океаны дард сакъадӕхтӕй иуыл, Туамотуйы архипелагыл. Ацы архипелагмӕ хауы 80 гыццыл сакъадахы бӕрц ӕмӕ ахсынц 802 900 квадратон километрӕй фылдӕр, афтӕмӕй дзы цӕрджытӕ та иу-16 000 йеддӕмӕ нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уырдӕм дӕр бахӕццӕ сты ӕмӕ Вайатейӕимӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтимӕ ныхас кодтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр фехъусын кӕнын, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр.

      ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы зӕххы алы къуымты дӕр, 236 бӕстӕйы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрмӕст 2010 азы хорз хабар хъусын кодтой 1,6 миллиард сахатӕй фылдӕр. Рӕстӕмбис нымадӕй Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр алы бон дӕр хъусын кодта 30 минуты. Фӕстаг дӕс азы Библи ӕмбарынгӕнӕн чингуытӕ, журналтӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ трактаттӕ ныммыхуыр кодтой ӕмӕ апарахат кодтой 20 миллиардӕй фылдӕр.

      БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Библийы цы фыст ис, уый рагӕй фӕстӕмӕ, мингай азты дӕргъы хъусын кӕнынц.

      ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Раст у, бирӕтӕ-иу Библийӕ цыдӕртӕ хъусын кодтой. Фӕлӕ-иу сын уый бирӕ нӕ ахаста, стӕй-иу хъусын кодтой кӕмдӕр иу ран. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та уыцы хъуыддаг афтӕ спълан кодтой, ӕмӕ хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕмӕн. Стӕй уыцы хъуыддаг нӕ ныууагътой, кӕд-иу ӕппӕты хъомысджындӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр хицӕутты къухӕй карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕрa (Марчы 13:13). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы куыст ӕхцайыл нӕ кӕнынц, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн сӕ рӕстӕг барвӕндӕй дӕттынц. Стӕй сӕ литературӕ дӕр уӕй нӕ кӕнынц. Уыцы куыст ӕнӕхъӕнӕй дӕр цӕуы мысайнӕгты фӕрцы.

      ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» ӕгас дунейы дӕр хъуыстгонд нӕ цӕуы? Цымӕ ацы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тагъд хуыздӕр цард уыдзӕн?

      [Фиппаинаг]

      a Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис документалон видеофильмтӕй «Верные в испытании», «Лиловые треугольники» ӕмӕ «Мужество Свидетелей Иеговы перед лицом нацизма». Ацы видеофильмтӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

      [Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

      «Цалынмӕ Йегъовӕ рӕстӕг дӕтты, уӕдмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм» («ЕЖЕГОДНИК СВИДЕТЕЛЕЙ ИЕГОВЫ», 2010 АЗ).

  • Хуыздӕр цард ис къӕсӕрыл!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 май
    • Хуыздӕр цард ис къӕсӕрыл!

      «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (ПСАЛОМ 37:10, 11).

      АЦЫ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕ дӕхи цӕстӕй фенын нӕ фӕнды? Ӕвӕццӕгӕн, зӕгъыс, куыннӕ мӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Уӕвгӕ, фидарӕй зӕгъӕн ис, тагъд кӕй сӕххӕст уыдзысты.

      Уӕлдӕр цы статьятӕ бакастӕ, уыдоны дзырд цыди Библийы фыст хабӕрттӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕры тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ ирдӕй ӕвдисынц, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Хуыцау сӕ Библийы уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй нын уый фӕрцы уа ныфс (Ромӕгтӕм 15:4). Уыцы хабӕрттӕ нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕскъӕвда хур куыд ракӕсы, афтӕ абоны бӕллӕхтӕн дӕр тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон.

      Фӕлӕ фӕстаг бонтӕ куы фӕуой, уӕд та цы уыдзӕн? Хуыцауы Паддзахад зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн (Матфейы 6:9, 10). Ӕркӕс-ма, уыцы рӕстӕг зӕххыл цы уавӕртӕ уыдзӕн, уый тыххӕй Библи цы дзуры:

      ● Ӕххормагдзинад нал уыдзӕн. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16).

      ● Низтӕ нал уыдзӕн. «Адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

      ● Зӕхх йӕ хуыз скалдзӕн. «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн» (Исай 35:1).

      Ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ тагъд сӕххӕст уыдзысты. Фӕлӕ ма Библийы ахӕм ныхӕстӕ ноджыдӕр бирӕ ис. Дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафӕрсын, тагъд хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндынц, уымӕй.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын