-
Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстойБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
8 СӔРГОНД
Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой
Вавилонмӕ хӕстӕг уыд горӕт Ур. Уым адӕм Йегъовӕйӕн нӕ куывтой, фӕлӕ бирӕ алыхуызон хуыцӕуттӕн. Фӕлӕ дзы царди, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн чи куывта, ахӕм адӕймаг. Йӕ ном хуынди Авраам.
Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ныууадз дӕ хӕдзар ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу». Стӕй йын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕм, ӕмӕ дӕ фӕрцы ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзысты».
Авраам нӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕдӕм ӕрвиты, уый. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Гъемӕ Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ, стӕй йӕ фыд Фаррӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лот сӕ дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ дард фӕндагыл ацыдысты.
Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Йегъовӕ сӕ цы зӕхмӕ кодта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраамыл цыди 75 азы. Уыцы зӕхх хуынди Ханаан. Уым Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ацы зӕхх иууылдӕр ратдзынӕн дӕ сывӕллӕттӕн». Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, стӕй уыдысты зӕронд. Уӕдӕ уӕд Йегъовӕ йӕ ныхас куыд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид?
«Авраам... йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр» (Дзуттӕгтӕм 11:8)
-
-
Лӕппу сын райгуырд!Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
9 СӔРГОНД
Лӕппу сын райгуырд!
Авраам ӕмӕ Саррӕ иумӕ бирӕ фӕцардысты. Уры сын цы дзӕбӕх хӕдзар уыд, уый ныууагътой ӕмӕ цатырты цӕрын райдыдтой. Фӕлӕ Саррӕ хъуыр-хъуыр ницӕуыл кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕмӕ куы хъусой, уӕд алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн.
Саррӕйы тынг фӕндыд, цӕмӕй сын сывӕллон уыдаид, ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕгӕн, Агарӕн, дӕуӕй сывӕллон куы райгуырид, уӕд мын мӕхи хъӕбулы хуызӕн уаид». Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Агарӕн райгуырд лӕппу. Йӕ ном хуынди Измаил.
Бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд иу бон Аврааммӕ ӕрбацыд ӕртӕ уазӕджы. Авраамыл уӕд цыди 99 азы, Саррӕйыл та – 89 азы. Авраам сӕ бӕласы бын ӕрбадын кодта ӕмӕ сын сӕ разы фынг ӕрӕвӕрдта. Уыцы уазджытӕ чи уыдысты, уый зоныс? Уыдон уыдысты зӕдтӕ! Зӕдтӕ Авраамӕн загътой: «Иннӕ аз уын ацафон райгуырдзӕн лӕппу». Саррӕ та уыцы рӕстӕг уыд цатыры ӕмӕ сӕм сусӕгӕй хъуыста. Саррӕ ныххудт ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Зӕронд куы дӕн, уӕд ма мын сывӕллон куыд райгуырдзӕн?»
Иннӕ аз Саррӕйӕн райгуырд лӕппу, Йегъовӕйы зӕд куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Авраам ӕй схуыдта Исахъ. Уыцы ном нысан кӕны «худын».
Исахъыл иу-фондз азы куы цыди, уӕд дзы Измаил арӕх хынджылӕг кодта. Саррӕ уый уыдта, ӕмӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй Агары ӕмӕ йӕ лӕппу Измаилы сӕ хӕдзарӕй арвыстаид. Авраамы уый нӕ фӕндыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд Исахъы Измаилӕй бахъахъхъӕнын, ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Саррӕмӕ байхъус. Ӕз Измаилӕн ӕххуыс кӕндзынӕн. Зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый та сӕххӕст кӕндзынӕн Исахъы фӕрцы».
«Саррӕйӕн... йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг рацӕуа, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн» (Дзуттӕгтӕм 11:11)
-
-
Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усыБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
10 СӔРГОНД
Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы
Лот уыди Авраамӕн йе ’фсымӕры лӕппу ӕмӕ Авраамы бинонтимӕ царди Ханааны зӕххыл. Авраамӕн ӕмӕ Лотӕн сӕ фос афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ сын зӕххытӕ нал фаг кодта. Уӕд Авраам Лотӕн загъта: «Нӕ фосӕн бынат нал фаг кӕны. Дӕ хорзӕхӕй, дӕхицӕн зӕхх равзар. Ды иуырдӕм ацӕудзынӕ, ӕз та – иннӕрдӕм». Уӕдӕ бӕрӕг у, Авраам иннӕтыл йӕхицӕй фылдӕр кӕй тыхсти.
Лот акаст ӕмӕ федта рӕсугъд зӕхх. Уыцы зӕхх уыди, Содом чи хуынди, уыцы горӕтмӕ хӕстӕг. Уыди дзы цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ кӕрдӕгджын зӕххытӕ. Лот уыцы зӕхх равзӕрста ӕмӕ йӕ бинонтимӕ уырдӕм цӕрынмӕ ацыд.
Содомы, стӕй уырдӕм хӕстӕг горӕт Гоморрӕйы царди тынг ӕвзӕр адӕм. Ӕмӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта уыцы дыууӕ горӕты фесафын. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндыд Лоты ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕм дыууӕ зӕды арвыста. Зӕдтӕ сын загътой: «Рӕвдздӕр! Ацы горӕтӕй алидзут! Йегъовӕ йӕ фесафынмӕ хъавы».
Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта. Уӕд уыцы зӕдтӕ Лотӕн, йӕ усӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ чызгӕн сӕ къухтыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой. Зӕдтӕ сын загътой: «Лидзгӕ ут! Фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕсут, кӕннод амӕлдзыстут!»
Сигор чи хуынди, уыцы горӕтмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй зынг ӕмӕ сондон ныккалдта. Хуыцау уыцы дыууӕ горӕты бынтондӕр фесӕфта. Лоты ус Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкаст. Ӕмӕ уӕд цӕхдур фестади! Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы та удӕгасӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ байхъуыстой. Лоты ус Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый йӕ бинонтӕн тынг зын уыди. Сӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕмӕ алкӕддӕр хъӕуы хъусын.
«Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лукайы 17:32)
-
-
Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыстаБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
11 СӔРГОНД
Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста
Авраам Исахъӕн арӕх дзырдта, адӕймаг Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарза ӕмӕ йын йӕ алы ныхасыл кӕй хъуамӕ ӕууӕнда. Фӕлӕ Исахъыл иу-25 азы куы цыд, уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй иу хъуыддаг сарӕзтаид. Уыцы хъуыддаг ӕнцон саразӕн нӕ уыд. Цымӕ цы уыд?
Хуыцау Авраамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ дӕ фырты акӕн ӕмӕ йӕ Мориайы хохыл нывондӕн ӕрхӕсс». Авраам ӕй не ’мбӕрста, Йегъовӕ йын уыцы хъуыддаг цӕмӕн аразын кӕны, уый. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста.
Дыккаг бон райсомӕй раджы Авраам Исахъы ӕмӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйы йемӕ ракодта ӕмӕ Мориайы хохырдӕм ацыдысты. Ӕртӕ боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм дардӕй хӕхтӕ разындысты. Авраам йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ Исахъимӕ хохыл нывонд не ’рхӕссой, уӕдмӕ. Авраам Исахъӕн сугтӕ ахӕссын кодта, йӕхӕдӕг та кард ахаста. Исахъ ӕй бафарста: «Нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уыцы фыс та кӕм ис?» Авраам ын загъта: «Мӕ лӕппу, Йегъовӕ нын ӕй ратдзӕн».
Хохмӕ куы ссыдысты, уӕд дзы нывондхӕссӕн сарӕзтой. Стӕй Авраам Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сбаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл схуыссын кодта.
Авраам кард куы систа, уӕд ӕм уӕлӕрвтӕй Йегъовӕйы зӕд ӕрдзырдта: «Авраам! Лӕппумӕ ма бавнал! Ныр ӕй зонын, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ цӕттӕ уыдтӕ дӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ». Стӕй Авраам федта, йӕ сыкъатӕй пыхсыты чи стыхст, ахӕм фыры. Уӕд Авраам уайтагъд Исахъы суӕгъд кодта ӕмӕ уыцы фыры нывондӕн ӕрхаста.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ Авраамы хуыдта йе ’мбал. Зоныс, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Авраам алкӕддӕр арӕзта, Йегъовӕ йын цы дзырдта, уый. Ӕмӕ-иу кӕд иуӕй-иу хатт не ’мбӕрста, Йегъовӕ йын цыдӕр цӕмӕн аразын кӕны, уый, уӕддӕр йӕ коммӕ каст.
Йегъовӕ та Авраамӕн ногӕй зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ – дӕуӕй чи рацӕуа, уыдон – сбирӕ уыдзысты». Йегъовӕ ма загъта, фидӕны Авраамы байзӕддаджы фӕрцы хорз адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн.
«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16)
-